Цæгат Ирыстоны театр æрцæудзæн гастролты Цхинвалмæ

© Sputnik / Алексей КовалевСпектакль 16 лет
Спектакль 16 лет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны театруарзджытӕн цӕгаттаг артисттӕ равдисдзысты комедитæ "Сæттти æмæ Бæтти" æмæ "Ӕнæниз ут", сывӕллӕттӕн та - "Вовка аргъæутты дунейы".

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны ирон академион театр цхинвайлаг кæсæгæн равдисдзæн дыууæ спектакль æмæ иу аргъау, фехъусын кодта Sputnik РХИ драмтеатры аивадон къухдаиуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан.

Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скифаг ӕмӕ алайнаг хӕстонты нывтӕ срӕсугъд кӕндзысты театры къултӕ

"Цæгат Ирыстоны ирон театры гастролтæ Цхинвалы ахæсдзысты дыууæ боны. Сфæлдыстадон къорд бацæттæ кодта нывæзт чысыл сабитæн дæр æмæ хистæр кары адæмæн дæр. Сабиты зæрдӕтæ барухс кæндзысты аргъауæй æмæ хистæр кары адæмæн та равдисдзысты дыууæ комедийы", — радзырдта Дзудцаты Тамерлан.

Гастролтӕ цӕудзысты 3-4 октябры, фæйнæ дыууæ хатт сабитæн бонæй æвдыст цæудзæн "Вовка аргъæутты дунейы" æмæ изæры та комедитæ "Сæттти æмæ Бæтти" æмæ "Ӕнæниз ут".

Ног хабӕртты лентӕ
0