Sputnik фотокорреспондент рамбылдта конкурс International Photography Awards

© Sputnik / AstapkovichКонкурсная работа фотокорреспондента Sputnik Владимира Астапковича
Конкурсная работа фотокорреспондента Sputnik Владимира Астапковича - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон фотоконкурс IPA уадзы ӕрвылазон ерыстӕ профессионалон ӕмӕ ӕнӕпрофессионалон къамисджыты хсӕн, афтӕ ма къамисджытӕ-студентты хсӕн глобалон ӕмвӕзадыл.

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Sputnik сӕрмагонд фотокорреспондент Владимир Астапкович бацахста фыццаг бынат категори "Спорт"-ы ӕрвылазон ӕхсӕнадӕмон фотоконкурсы International Photography Awards (IPA) ХПӔ-ы бӕстӕтӕй къмисджыты куыстыты программӕйы. Астапкович фӕуӕлахиз "Спорт" номинацийы къамты сериимӕ "Невесомость", кӕцытӕ сарӕзта спортивон гимнастикӕйӕ дунейон чемпионаты Глазгойы.

Ацы къамты серийы Владимир спортивон гимнастикӕ равдыста, куыд космос, цы ран хӕлд цӕуынц физикӕ ӕмӕ гравитацийы закъӕттӕ иууылдӕр. Спортсментӕ ӕппӕт дунейӕ тох кӕнынц кӕрӕдзиимӕ, афтӕ сӕхиимӕ, цыма ӕнӕуӕзады тӕхынц, афтӕ.

Къамисæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik фотокорреспонденттæ рамбылдтой конкурс Picture of the Year International

"Конкурсы жюрийы аргъ алыхатдӕр ӕхсызгон у, уӕлдайдӕр та ахӕм престижон конкурсы. Ацы къамты серийы мӕ фӕндыд равдисын спорты рӕсугъддзинад ӕмӕ ма иууыл уӕлдӕр фӕстиуӕджы тыххӕй спортсментӕ арӕх кӕй фехалынц гравитацийы закъӕттӕ дӕр. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ, адӕймаг йӕхи цӕстытыл дӕр нал феууӕнды", — банысан кодта Владимир Астапкович.

Ӕхсӕнадӕмон фотоконкурс IPA уадзы ӕрвылазон ерыстӕ профессионалон ӕмӕ ӕнӕпрофессионалон къамисджыты хсӕн, афтӕ ма къамисджытӕ-студентты хсӕн глобалон ӕмвӕзадыл. Йӕ нысан у дунейы иууыл хуыздӕр къамисджыты банысан кӕнын, ног курдиӕттӕ раргом кӕнын, афтӕ ма къамисыны размӕцыдӕн ахъаз кӕнын.

Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты сайттӕ, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0