Тыбылты Леонид: Абхаз йӕ сӕрибардзинад байста тугкалӕн ӕмӕ карз тохты

© Sputnik / Владимир Попов /  Ахизын медиабанкмæАбхазия празднует День независимости
Абхазия празднует День независимости - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхаз майрӕмбоны нысан кӕны иууыл сӕйрагдӕр бӕрӕгбӕттӕй иу – Республикӕйы ссӕрибары бон.

ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Сӕрибары боныл Абхаз ӕмбӕлы, куыд хӕдбар демократон паддзахад, кӕцы йӕ адӕмӕн аразы рухс фидӕн, дзырдӕуы Тыбылты Леониды арфӕйы телы йӕ абхазаг коллегӕ Рауль Хаджимбайы адресыл.

Абхазаг хæсты ирон хъайтартæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абхазаг хæсты ирон хъайтартæ

Майрӕмбоны Абхаз нысан кӕны йӕ сӕйрагдӕр бӕрӕгбӕттӕй иу — Республикӕйы ссӕрибары бон. Ацы бон 23 азы размӕ Абхазы столицӕ ӕрцыд сӕрибар гуырдзиаг ӕфсадӕй. Хӕстон архӕйдтыты активон хайад райстой хуссарирыстойнаг бархионтӕ дӕр.

"1993 азы 30 сентябры Абхазы адӕм тугкалӕн ӕмӕ карз тохты фӕстӕ, бирӕнымӕц амӕттӕгты удтӕй фӕуӕлахиз, территори иууылдӕр гуырдзиаг оккупантӕй ссӕрибар гӕнгӕйӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Тыбылты Леонид банысан кодта, ацы цытджын боныл Абхаз ӕмбӕлы, куыд хӕдбар демократон паддзахад, кӕцы йӕ адӕмӕн аразы рухс фидӕн.Реализаци кӕны масштабон социалон-экономикон проекттӕ, ӕдӕрсгӕйӕ цӕуы йӕ ӕхсӕнадӕмон авторитет фидар кӕныны фӕндагыл.

Уый равдыста ныфс, хуссарирыстойнаг-абхазаг традицон хъарм ӕмӕ хӕларадон ахастытӕ дарддӕр дӕр кӕй кӕндзысты фидар ӕмӕ кӕй рӕздзысты дыууӕ ӕфсымӕрон республикӕйы размӕцыдӕн.

"Ацы бӕрӕгбоны Дын мӕ зӕрдӕ зӕгъы, цытджын Рауль Джумкы фырт, афтӕ ма Абхазы цӕрджытӕй алкӕмӕн дӕр фидар ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ фарн", — дзырдӕуы арфӕйы телы.

Хуссарирыстойнаг делегаци ма исы хайад Абхазы ссӕрибары бонӕн нывонд бӕрӕгбонон мадзӕлтты. Йӕ сӕргъ сты тыхон структурӕты сӕргълӕуджытӕ — генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг, мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар ӕмӕ хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим.

Цыппӕрӕмы уыдон райстой хайад Абхазы дыккаг президент Сергей Багапшы уӕлмӕрдмӕ дидинтӕ сӕвӕрыны церемонийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0