ДАРы развӕлгъау схъӕлӕс кодтой 370 мин адӕймагӕй фылдӕр

© Sputnik / Игорь Маслов /  Ахизын медиабанкмæПервый этап праймериз в Донецке
Первый этап праймериз в Донецке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕлӕсӕппӕрст ацыд ӕнтыстджынӕй, ӕвзӕрстытӕ сӕхӕдӕг кӕй ацӕудзысты, уый бӕрӕг нӕу.

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Донецкаг адӕмон республикӕйы бынӕттон хӕдразамынады органтӕм кандитатты ӕвзӕрстыты развӕлгъау хъӕлӕсӕппӕрсты хайад райстой 370 мин адӕймагӕй фылдӕр, фехъусын кодта къуырисӕры рӕстӕгмӕ ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕг Андрей Коржевский.

Хуыцаубоны ДАР ӕмӕ ЛАР-ы уагъд ӕрцыд развӕлгъау ӕхсӕнадон хъӕлӕскӕнынад, цы ран ӕвзарджытӕн уыд фадат равзарын кандидатты, кӕцытӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, сты аккаг хайад райсын хӕдразамынады бынӕттон органты фидӕн ӕвзӕрстыты. Хъӕлӕсӕппӕрст ацыд ӕнтыстджынӕй, ӕвзӕрстытӕ сӕхӕдӕг кӕй ацӕудзысты, уый нырма бӕрӕг нӕу.

Выборы главы ДНР и депутатов Народного Совета республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламентаритӕ Донбассы ӕвзӕрстыты уыдзысты цӕстдарджытӕ

"Хъӕлӕстӕ ӕрцыдысты нымад. Хайад сӕ райстой 370,517 мин адӕймаджы", — банысан кодта Коржевский.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зылдтӕн сӕ фылдӕры фӕуӕлахиз сты ӕхсӕнадон змӕлд "Донецкая республика"-йы кандидаттӕ.

Минскаг бадзырдтӕм гӕсгӕ, бынӕттон ӕвзӕрстыты ауагъд Донбассы у Украинӕйы ӕрнывыл кӕныны бындурон этаптӕй иу. ЛАР ӕмӕ ДАР-ы хицӕуттӕ фӕнд кодтой ауадзын ӕвзӕрстытӕ 2015 азы фӕззӕджы.

2015 азы октябры "нормандаг цыппары" (Франц, Германи, УФ ӕмӕ Украинӕ) Парижы фембӕлды фӕстӕ рӕспубликӕйы хицӕуттӕ сразы сты бынӕттон ӕвзӕрстытӕ аргъӕвын.

Ног хабӕртты лентӕ
0