Бететы Алим кадры, фæскадр æмæ сценæйыл

© Sputnik / Алексей КовалевАлим Бетеев
Алим Бетеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууындыууæаздзыд лæппу бæллы уæрæсейаг зарæггæнæг Нюшаимæ дуэтæй азарын, телепроекттæ "Голос", науæд та "Главная сцена"-мæ бахауын æмæ Цхинвалы сæрмагонд концерт раттын.

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры эстрадӕйы ирддæр ӕвзонг зарæггæнджытæй иу — Бететы Алим кӕд нырма ӕрӕджы рахызт "стыр" сценӕмӕ, уӕддӕр уайтагъд балхӕдта хъусджыты зӕрдӕтӕ ӕмӕ йын ныридӕгӕн ис йӕхи табугӕнджытӕ. Сценӕйӕ дарддӕр ма Алим ӕнтыстджынӕй архайы ӕндӕр къабӕзты дӕр — у паддзахадон телеуынынады амонæг æмæ оператор, стӕй ма музыкалон ахуыргæнӕндоны студент.

Æвзонг лӕппуйӕн хъысмæт аивадмæ фæндаг сныв кодта ӕнӕнхъӕлӕджы. Цхинвалы скъола-интернаты ма куы ахуыр кодта, уӕд хæрзаудæн фонд "Фæранк" æххæст сидзæр сывæллæттæн, се ‘хсӕн Алимӕн дӕр, сарæзта лæвæрттæ. Ацы лæвар аскъуыддзаг кодта лӕппуйӕн йæ дарддæры цардвæндаг.

Цхинвайлаг зарӕггӕнджытӕ хайад райстой Абхазы I ӕхсӕнадӕмон фестивалы

"Ӕз тынг бæллыдтæн видеокамерæмæ æмæ мын хæрзаудæн фонд балæвар кодта ацы мигæнæн. Уымæй истон мæ фыццаг кадртæ. Стæй, скъола каст куы фæдæн, уæд мæ фæндаг сарæзтон паддзахадон телеуынынадмæ æмæ мæ райстой кусынмæ операторæй", — радзырдта Бететы Алим.

Ног кусæг кæд камерӕйæн алыхатт дæр йæ фæстæ лæууыд, уæддæр æй тынг цымыдис кодта кадры мидæг куыст. Ирд æддаг бакаст æмæ æрмæкъдзинад бакодтой æвзонг лæппуйæн фæндаг эфирмæ æмæ йын фӕзынд йӕхи сæрмагонд алæвæрд "Алим æмæ стъалытæ".

"Ацы алæвӕрд у музыкалон. Фыццаг рæстӕджыты-иу алкæцы алӕвæрды дæр уыд бынæттон зарæггæнæджы сфæлдыстадыл афæлгæст æмæ сæ клиптæ. Эфиры цыд æрвыл къуыри æмæ афтæмæй республикӕйы æппæт зарæггæнджытæ дӕр ссисты мæ алæвæрды хъайтартæ. Уымæ гæсгæ фæстæдæр фæивтон мæ алæвæрд ӕмӕ дзы райдыдтам æвдисын уæрæсейаг клиптæ дæр", — дзуры йæ куысты тыххæй лӕппу.

"Алим æмæ стъалытæ" фыццаг хатт эфиры рацыд 2013 азы, алæвæрд нырма йæ иу азы куыст нæ банысан кодта, афтæмæй журнал "Cxinval magazine"-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ райста хуыздæр телеалæвæрды ном.

© FacebookБететы Алим
Бететы Алим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бететы Алим
Алим ма ахуыр кæны Ӕлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнӕндоны академион вокалы хайады цыппæрæм курсы. 

Ахуыргæнджытæ æвзонг зарæггæнæджы хъæлæс хонынц лирикон баритон æмæ йын уынаффæ кæнынц йæ ахуыр консерваторийы адарддæр кæнын, фӕлӕ Алимы оперон зард нӕ цымыдис кӕны — тырны эстрадон зарæггæнæг суæвынмӕ.

Ныридæгæн курдиатджын лæппу бæллы Цхинвалы сæрмагонд концерт раттын ӕмӕ уæрæсейаг зарæггæнæг Нюшаимæ дуэтæй азарын.

"Музыкӕ мын фыссы композитор Гæбæраты Алзира, ныхæстæ та Коцты Диана, архайын проект "Звездный юг"-ы фæлгæтты, фæлæ сӕ къорды нæ дæн. Зарджытæ ныффыссын лæууы зынаргъ, уымæ гæсгæ мын ис æрмæстдæр цыппар зарæджы. Сæ нымæц куы фæфылдæр уа, уæд мæ фæндид ауадзын концерт. Мæ уарзон зарæггæнæг у Нюша ӕмӕ мӕ йемӕ азарын дӕр тынг фӕнды", — банысан кодта уый.

Къуындæг репертуармæ æнæкæсгæйæ, Алим хайад райсы республикӕйы уагъдцӕуӕг æппæт концертты дӕр, се ʻхсæн хæрзаудæн мадзӕлтты дæр.

"Республикæйы цыдæриддæр концерттæ вæййы, уыдонæй стæмты йеддæмæ алкæцыйы дæр азарын. Хайад ма райстон Цæгат Ирыстоны Магомет Дзыбовы концерты дæр", — дзуры зарӕггӕнӕг.

Таня Тедеты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Таня - хуссарирыстойнаг Тина Тернер

Алим фыццаг хатт уæрæх сценӕмæ рахызт 2013 азы рауагъдон балы рæстæджы. Цхинвалы Театралон фæзуаты гом концерты уый сарæзта йæ фыццаг къахдзæф сценæйыл.

"Гæбæраты Кристинаимæ ацы концерты уыдыстæм иууыл амондджындӕртæ, ам сæххæст кодтон мæ фыццаг зарæг "Нал ис гæнæн". Фæзуаты мæм уый бæрц адæм хъæр кодта æмæ фыццаг хатт банкъардтон популярондзинад", — мысы уый.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ Алимӕн фæзынд йæ курдиатæн фыццаг табугæнджытæ дæр.

"Тынг цæуы мæ зæрдæмӕ Алим, йæ алæвæрдтæм дæр ын кæсын. Йæ зарджытæ дæр цæуынц мæ зæрдæмæ. Стæй хицæн кæны аннæтæй йæ конд æмæ йæ ахастæй дæр, у ирд æмæ хъæлдзæг лæппу", — банысан кодта Босыкты Наталья.

Алим йӕ дарддӕры плӕнтты тыххӕй дзургӕйӕ, банысан кодта, кӕй йӕ фӕнды телепроекттæ "Голос", науæд та "Главная сцена"-мæ бахауын ӕмӕ ацы алӕвӕрдтты аккаг ӕмвӕзадыл йӕ райгуырӕн Хуссар Ир равдисын.

Ног хабӕртты лентӕ
0