ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Хъотайты Мария. Зынгфӕдисон сиренӕйы мӕтӕфтауӕг хъӕрыл Регинӕ раджы сахуыр. Йӕ къухдариуӕгады бын цы командӕ ис, уымӕн 30 секундӕй фылдӕр нӕй сцӕттӕ ӕмӕ рацӕуынӕн.
Хъӕбатыр ӕмӕ фæткдар, Хуссар Ирыстоны иунӕг сылгоймаг-зынгфӕдисон Цоциты Регинӕ ӕнцад дзырд кӕны сылгоймагӕн ӕнахуыр профессийы тыххӕй. Ӕмӕ ӕрмӕст ныры нӕ, фӕлӕ ма хъахъхъӕнынады министрады куысты тыххӕй дӕр.
"Иууыл зынаргъдӕр мӕ профессийы у рӕстӕг. Ӕрмӕстдӕр уыимӕ баст у ӕнтыст, куыд тагъд фӕхӕццӕ уыдзӕн командӕ зынгирвӕзты бынатмӕ. Зынгирвӕзттӕ ранывӕзттӕм гӕсгӕ нӕ вӕййынц, фӕлӕ ссудзынц ӕнӕнхъӕлӕджы. Уымӕ гӕсгӕ, мӕн смӕсты кӕны, куыстмӕ куы фӕфӕстиат вӕййынц. Дисциплинӕ нӕ куысты у иууыл сӕйрагдӕр. Куысты мӕ иунӕг хӕс у — куыд цыбырдӕр ӕмгъуыдмӕ зынгирвӕзт аиуварс кӕнын минимум зиӕнттӕ ӕмӕ ӕнӕ амӕттӕгтӕй", — дзуры Регинӕ.
Уый йӕ хъус дары, цӕмӕй ӕфсӕддон дарӕс алыхатдӕр уа зынгфӕдисон машинӕйы цур. Зынгсирвӕзты бынаты уый командӕимӕ хайад исы айтынг кӕныны, уый фӕстӕ та зынг ахуыссын кӕныны. Уыд афтӕ дӕр, ӕмӕ адӕмы куы фервӕзын кодта — иухатт уазӕгдон "Ирыстон"-ы фӕстӕ Цхинвалы ссыгъдысты зӕронд агъуысттӕ. Дзуры, зӕгъгӕ ахӕм рӕстӕджы ницӕй тыххӕй нӕ хъӕуы паникӕ кӕнын, фӕлӕ хъуамӕ комкоммӕ ӕххӕст кӕнай ирвӕзынгӕнӕджы хӕстӕ.
Абон хистрӕр лейтенант Цоциты Регинӕ у зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг. Коллегӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Регинӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ, фӕлӕ куысты та карз.
"Уый ӕрмӕст зынирвӕзтты рӕстӕджы нӕ, фӕлӕ цыфӕнды рӕстӕг дӕр цӕттӕ у баллӕууын, ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый фарсмӕ. Йӕ бон нӕу, ӕххуыс кӕй хъӕуы, ахӕм адӕймаджы иувӕрсты ахизын. Фӕлӕ куыд хистӕр, афтӕ у тынг карз. Хуыцау бахизӕд, ӕмӕ чидӕр ӕнӕдастӕй ӕрбацыд куыстмӕ, кӕнӕ фондз минут фӕфӕстиат… Хорз бон ныл не 'скæндзæн", — дзурынц худгӕйӕ зынгфӕдисонтӕ.
Регинӕ ӕргомӕй дзуры, нӕлгоймаджы куыст куыд хорз зоны, афтӕ кӕй ницы ӕмбары сылгоймӕгты буц хиндзинӕдты.
"Ӕз ӕнцонӕй архайын ӕхсидӕн аппаратыл, науӕд "болгаркӕйӕ" исты алыг кӕнын, фӕлӕ сæххæстгæнæн кæмæн нæй, ахӕм зындзинад мын хӕссы мӕ ныхтӕ кӕнӕ цӕстыхаутӕ сахорын. Цы кӕронӕй бавналон цӕстытӕ ахорӕн "тушь"-мӕ, уымӕн ӕмбаргӕ дӕр ницы кӕнын. Куы ӕрӕвналон мӕ цӕстытӕ сахорынмӕ, уӕд фыр ӕнӕарӕхстӕй гӕнӕн ис ӕмӕ мӕ цӕст дӕр ракъахон", — худы Регинӕ.
Регинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ професси равзӕрста йӕ сабибонты. Алыхатдӕр ӕй йӕхимӕ ӕлвӕстой ӕфсӕддон службӕ, дарӕс, карз домӕнтӕ ӕмӕ профессийы вазыгджындзинад.
Хъахъхъӕнынады министрадӕй Уӕлвӕткон уавӕрты министрадмӕ кусынмӕ рахызт 2008 азы. Ведомствӕйы къухдариуӕгады дисы бафтыдта, зынгфӕдисон суӕвын кӕй сфӕндыд сылгоймаджы. Ацы хъӕппӕрис хорзыл банымадта Уӕрӕсейы УУМ-ы уӕды сӕргълӕууӕг Сергей Шойгу дӕр, кӕцы хӕсты фӕстӕ уыд Цхинвалы гуманитарон миссиимӕ.
"Сылгоймаджы уынгӕй зынгфӕдисонтӕм ничи айстаид. Мӕнӕн та ис ӕфсӕддон службӕйы стаж, алы документ дӕр мӕм ис. Абон дӕр мӕ зӕрдыл лӕууы, Сергей Кужугеты фырт куыд загъта: "Ахӕмы райсын хъӕуы", — дзуры Регинӕ.
Професси бӕлвырд кӕны адӕймаджы сконд ӕмӕ царды уаг. Регинӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фембӕлд мӕлӕтдзаг тасимӕ. Уымӕ гӕсгӕ, ӕрвылбонон цардуагон проблемӕтӕм уый ницы хъусдард здахы, алы ницӕйаг хъуыддӕгтыл нӕ тыхсы.