Архитектор: Цхинвалы хорз рафидауид стиль эклектикӕ

© Sputnik / Олег РепуховЦхинвал с высоты
Цхинвал с высоты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрыгон дизайнер Дзигойты Каринӕ ӕрӕвнӕлдта Абайты Васойы номыл хӕдзар-музейы ног проект ӕххӕст кӕнынмӕ. Уый фӕнды, цӕмӕй бӕстыхай ма бахӕсса диссонанс алфамблаймӕ.

 

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Ирон ахуыргонд Абайты Васойы номыл хӕдзар-музейы ног проект ӕххӕст кӕнынмӕ ӕрӕвнӕлдта ӕрыгон хуссарирыстойнаг дизайнер Дзигойты Каринӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фасады эскизон вариантыл бакуыст ӕрцыд цыбыр ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ бахъахъхъӕдта классикон стиль, кӕцы уæлиуæг кӕны Цхинвалы централон хайы.

 

"Мӕ разы лӕууыд вазыгджын хӕс – арӕзт каркасыл "цъар скӕнын". Стыр фантазитӕ йӕм нӕй бахӕссӕн, уымӕн ӕмӕ кусӕн ис, систӕ куыд ӕвӕрд сты, уый хынцгӕйӕ. Фыццаградон куыст ис уый мидӕг, цӕмӕй бӕстыхай мидӕгӕй уа  ӕнцонвадат ӕмӕ аив та ӕддейӕ", — радзырдта ӕрыгон дизайнер.

 

Абайты Васойы хӕдзар-музей ныппырх 2008 азы августы. Ныртӕккӕ уый фӕнд кӕнынц йӕ раздӕры бынаты — йӕ номыл уынгыл сӕндидзын кӕнын.

Абайты Уасойы музей 2008 азы бацис Гуырдзыйы агрессийы амӕттаг. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музейы арӕзтадӕн нал ӕнтысы кӕронмӕ бахӕццӕ кӕнын

 

Проектыл кусыны рӕстӕджы архитектор архайдта, цӕмӕй йын лӕвӕрд ӕрцӕуа максималонӕй раздӕры хуыз, ома бӕстыхай ма бахӕсса диссонанс алфамблаймӕ. Бакуыстгонд проектыл ныртӕккӕ уынаффӕтӕ цӕуынц культурӕйы министрады.

 

"Ныфс мӕ ис, проект кӕй сфидар кӕндзысты ӕмӕ кӕй адарддӕр кӕндзыстӕм нӕ куыст. Мӕн фӕнды мӕ хайбавӕрд бахӕссын райгуырӕн горӕты культурон цард ӕмӕ хуызмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй бацыдтӕн архитекторы дӕсниад исынмӕ", — загъта Каринӕ.

 

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, историкон нысаниуӕг цы бӕстыхӕйттӕн ис, уыдон цалцӕг ӕмӕ реконструкци кӕнынмӕ хъӕуы ӕрӕвналын ӕвӕстиатӕй, уымӕн ӕмӕ горӕты раздӕры архитектурӕйӕн ис бӕлвырд хуыз, кӕцы ныртӕккӕ фесӕфт хӕццӕ арӕзтӕдты ӕхсӕн.

 

"Хъыгагӕн, ӕмтъеры арӕзтад халы иумӕйагӕй горӕты хуыз. Нӕй иумӕйаг горӕтарӕзтадон стратеги, ныв, горӕты эстетикон ӕнкъарӕн. Бӕлвырд объект ам арӕзт цӕуы ӕнӕ иннӕ бӕстыхӕйтты хуызтӕ хынцгӕйӕ", — загъта ӕрыгон архитектор.

 

Чысыл ӕмӕ цӕрынӕн аив горӕтыл, Дзигойты Каринӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хорз рафидауид стиль эклектикӕ, кӕцы ӕмиу кӕны алыгъуызон стильтӕ, фӕлӕ уыимӕ иумӕ у аив ӕмӕ гармониджын, нӕ хӕссы диссонанс.

Строительство фонтана на театральной площади - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид ӕрдомдта театры арӕзтад фӕрӕвдздӕр кӕнын

 

"Ӕз ног арӕзтӕдты ныхмӕ нӕ дӕн, куыд фӕзӕгъынц, цард размӕ цӕуы, фӕлӕ ногдзинӕдтӕн хъуамӕ уа ахӕм хуыз, цӕмӕй фӕстӕдӕр нӕ цот ӕмӕ цоты цот сӕхи ивазой, мах ныр цы аразӕм, уымӕ. Цӕмӕй ног арӕзтӕдтӕ ма халой горӕты цӕсгом, фӕлӕ йӕм хӕссой ног ахорӕнтӕ", — банысан кодта Дзигойты Каринӕ.

 

Ӕрыгон архитекторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаджы хъуамӕ фӕнда пайда хӕссын йӕ бӕстӕйӕн, науӕд ницы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕхцатӕ нӕ не ′сразӕнгард кӕндзысты адӕймаджы архайынмӕ.

 

Каринӕ ма загъта, кӕй уыны Цхинвал цалдӕр азы фӕстӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, сыгъдӕг ӕмӕ кæрдæгхуызӕй, "раздӕр дзы цы фӕрныгад фысымиуӕг кодта", уыимӕ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0