Хуссар Ирыстоны УУМ йӕ бӕрӕгбон банысан кодта равдыстон ралӕудтӕй

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ирвӕзынгӕнджытӕ дыццӕджы нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.

РХИ Уӕлвӕткон уавӕрты министрадыл сӕххӕст 8 азы. Бӕрӕгбоны цытӕн УМ-ы хисӕрмагонд сконды ралӕууын кодтой министрады бӕстыхайы раз. Цытджын ралӕуды, йӕхи уӕлдай хорз чи равдыста, уыцы кусджытӕн лӕвӕрд ӕрцыдысты ведомствӕйон хорзӕхтӕ.

Коллегӕтӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрцыд Донецкаг адӕмон республикӕйы УУМ-ы сӕргълӕууӕг инӕлар-майор Алексей Кострубицкий.

Зынгхуыссынгӕнӕн-ирвӕзынгӕнӕн хайы та уагъд ӕрцыдысты равдыстон ралӕудтӕ. Сгарӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорды кусджытӕ равдыстой судзгӕ бӕстыхӕйттӕй адӕмы фервӕзын кӕныны фадӕттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0