Цæгат Иры 17 педагогӕн радтой сгуыхт ахуыргæнæджы нæмттæ

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæНаграждение победителей юбилейного конкурса "Учитель года России-2014"
Награждение победителей юбилейного конкурса Учитель года России-2014 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Педагогтæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, хицауады æмæ парламенты уæнгтæ æмæ æндæртæ.

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны 17 педагогы сæ профессионалон бæрæгбоны райстой сгуыхт ахуыргæнæджы нæмттæ, хъусын кæны 15 регион.

Ирыстоны, куыд Уӕрӕсейы, афтӕ 5 октябры нысан цæуы ахуыргæнæджы бон.

"Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг сгуыхт ахуыргæнæджы номæй схорзæхджын кодта 17 ахуыргæнæджы. Фараст педагогæн та лæвæрд æрцыд Цæгат Иры ахуырады сгуыхт кусæджы ном", — дзырдæуы хъусинаджы.

Афтӕ ма агентады ныхасӕмбал радзырдта, Дзæуджыхъæуы Ногдзауты Галуаны сценæйыл ма кӕй схорзæхджын кодтой Уæрæсейы иумæйаг ахуырады сгуыхт кусджыты дæр.

"Уыцы хыгъдмæ Цæгат Ирыстонæй бахастæуыд 42 педагогы. Аст адæймагæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы астæуккаг профессионалон ахуырады æмæ уæлдæр профессионалон ахуырады сгуыхт кусæджы ном", — загъта уый.

Педагогтæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, ахуырады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сæлбиты Зитæ, хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, профессионалон цæдисты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ æнд.

Ног хабӕртты лентӕ
0