Ахуыргӕнӕг – Плиты бинонты иумӕйаг професси

© Sputnik / Алексей КовалевДень учителя
День учителя - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы нысан кӕнынц ахуыргӕнӕджы бон. Бӕрӕгбоны агъоммӕ Sputnik ӕрныхас кодта республикӕйы иууыл хуыздӕр ахуыргӕнӕг-математиктӕй иу – Плиты Ильяйы фырт Хазбиимӕ.

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik, Козаты Диана. Плиты Хазби ахуыргӕнӕджы профессийӕн снывонд кодта йӕ царды 45 азы. 1971 азы, Хуссар Ирыстоны педагогикон институт каст фӕуыны фӕстӕ, уый фыццаг хатт йӕ къах бавӕрдта Терегуаны астӕуккаг скъолайы къӕсӕрӕй математикӕ ӕмӕ физикӕйы ахуыргӕнӕгӕй.

Историйы ахуыргæнæг Тедеты Хетæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Хетæг: ахуыргӕнӕджы куыст ахæм зын нæу, бирæтæ куыд нымайынц

Физикӕ ӕмӕ математикӕйы факультетмӕ цалынмӕ ахуырмӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ Хазби Ильяйы фырты фӕндыд Уӕрӕсемӕ ацӕуын ӕмӕ авиацион-тӕхӕн хъуыддаг сахуыр кӕнын.

"Ме ′фсымӕримӕ иу азы мидӕг дӕттам фӕлварӕнтӕ уӕлдӕр ахуырадон уагдӕттӕм. Уый ӕфсады фӕстӕ ацыд Куйбышевмӕ (Самара) ӕмӕ бацыд ахуырмӕ авиацион-тӕхӕн ахуыргӕнӕндонмӕ. Ӕз та баззадтӕн ам. Уӕд ахӕм фадӕттӕ нӕ уыд, цӕмӕй нӕ дыууӕ дӕр ацӕуӕм ахуырмӕ. Уый тыххӕй хъуыд ӕхцатӕ, махӕн та ӕрмӕстдӕр нӕ мад куыста фермӕйы", — дзуры Хазби Ильяйы фырт.

Институты фӕстӕ уый бацыд кусынмӕ Терегуаны астӕуккаг скъоламӕ, цы ран фӕкуыста 20 азы. Абон та ацы скъолайы математикӕ 10 азӕй фылдӕр амоны йӕ фырт Вячеслав. Хазби Ильяйы фырт йӕхӕдӕг та ахызт кусынмӕ Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы скъоламӕ. Уый мысы, ирон хъӕуты зынвадӕттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, советтон дуджы сывӕллӕттӕ кӕй ахуыр кодтой хуыздӕр, тырныдтой зонындзинӕдтӕм.

"Абон фӕзӕгъынц, ома нырыккон сывӕллӕттӕ кӕй сты тынг размӕцыд, фӕлӕ уыдонмӕ нӕй уыцы тырнындзинад, раздӕр кӕцы уыдтон. Советон дуджы фадӕттӕ къуындӕг уыдысты, алцы ссарӕн нӕ уыд, фӕлӕ сывӕллӕттӕ ахуыр кодтой. Алы къласы дӕр уыд фӕйнӕ ӕхсӕз-авд иттӕг хорз ахуыргӕнинаджы, ныр та хъӕуккон скъолаты иу къласы уыййас скъоладзаутӕ дӕр нал ис", — дзуры ахуыргӕнӕг.

Скъолайы 45 азы мидӕг Хазби Ильяйы фырт сахуыр кодта тынг бирӕ сывӕллӕтты, кӕцытӕ абон, куыд йӕхӕдӕг, амонынц математикӕ скъолӕты ӕмӕ университеты. Йӕ ахуыргӕнинӕгты хсӕн уыд Ирыстоны хъайтар Джиоты Владик (Басмач).

Фароны онг Хазби Ильяйы фырт уыд скъолайы директор, фӕлӕ пенсийы ацыдимӕ ныууагъта ацы бынат ӕмӕ ныр фӕллой кӕны ахуыргӕнӕгӕй.

© Sputnik / Алексей КовалевПлиты Хазби Ильяйы фырт нымад у республикӕйы иууыл хуыздӕр математиктӕй иуыл.
День учителя - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Хазби Ильяйы фырт нымад у республикӕйы иууыл хуыздӕр математиктӕй иуыл.

Йӕ цардӕмбал Лианӕ Владимиры чызг дӕр у ахуыргӕнӕг — уый амоны уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕ ӕмӕ кусынц иумӕ иу скъолайы. Мӕнӕ ахӕм ахуыргӕнджыты бинонтӕ!

"Нӕ чызг дӕр нырма экономикон факультетмӕ бацыд ахуырмӕ, уый фӕстӕ та ахызт журналистикӕмӕ", — дзуры уый.

1984 азы Хазби Ильяйы фыртӕн лӕвӕрд ӕрцыд адӕмон ахуырады иттӕг хорз кусӕджы ном. Дыууӕ азы фӕстӕ йӕ схорзӕхджын кодтой Фӕллойы кады орденӕй, ӕрӕджы та райста Ахуырады министрадӕй грамотӕ. Фӕлӕ йын сгуыхт ахуыргӕнӕджы ном нырма лӕвӕрд не ′рцыд.

"Хазби Ильяйы фырт у республикӕйы иууыл хуыздӕр математиктӕй иу. Бирӕ рӕстӕг уыд не скъолайы сӕргълӕууӕг ӕмӕ кӕд пенсион кары ис, уӕддӕр ӕй ахуыргӕнинӕгты ныййарджытӕ нӕ уадзынц йӕ куыст уадзын. Афтӕ йын кад кӕнынц ӕмӕ йӕм районы скъоламӕ дӕр фӕдзырдтой. Афон ын у сгуыхт ахуыргӕнӕджы ном раттын. Ӕмбӕлы йӕм", — дзуры Хъорнисы скъолайы ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг Къодоты Нелли.

РХИ сгуыхт ахуыргӕнӕг Джиоты Мария Федоры чызг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыцауысконд ахуыргӕнӕг

Уарзынц ахуыргӕнӕджы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр. Дӕсӕм къласы ахуыргӕнинаг Плиты Артур дзуры, скъоладзаутӕ йын иууылдӕр стыр кад кӕй кӕнынц. Нымайынц ӕй карз, фӕлӕ рӕстаг ахуыргӕнӕгыл.

Бындурон куыстӕй дарддӕр, Хазби Ильяйы фырт уарзы шахмӕттӕ ӕмӕ шашкӕтӕй хъазын, исы хайад турнирты, кӕцытӕ ӕрвылаз дӕр уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны. Турниры нырма никуы фӕуӕлахиз, фӕлӕ Хазби Ильяйы фырт цы командӕйы хъазы, уый иумӕйаг бахыгъды арӕх бацахсы дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг бынӕттӕ.

Сӕ профессионалон бӕрӕгбоныл уый, йӕ цардӕмбал ӕмӕ фырт сӕмбӕлдзысты ӕртыццӕджы сӕ кусӕгон бынаты — нӕлгоймӕгтӕ математикӕйы сусӕгдзинӕдтӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргомгӕнгӕйӕ, Лиана Владимиры чызг та — уырыссаг ӕвзаджы фӕткойтӕ ӕмӕ уырыссаг поэттӕ ӕмӕ фысджыты сфӕлдыстад ахуыргӕнинӕгтӕн амонгӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0