00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
08:30
3 Мин
Главвные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Тыбылты Леонид хайад райсдзӕн Кадыровы инаугурацийы церемонийы

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæГлава Чеченской Республики Рамзан Кадыров
Глава Чеченской Республики Рамзан Кадыров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды ма сты президенты администрацийы къухдариуӕггӕнӕг Джиоты Алан ӕмӕ ӕдасдзинады советы сӕргълӕууӕг Плиты Анатолий.

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг делегаци президент Тыбылты Леониды сӕргълӕудӕй ӕртыццӕджы хайад райсдзӕн Цӕцӕны сӕргълӕууӕг Рамзан Кадыровы инаугурацийы церемонийы, загъта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Хъӕлӕскӕнынады иумӕйаг боны Цӕцӕны 13 азы мидӕг фыццаг хатт уагъд ӕрцыд регионы сӕргълӕууӕджы комкоммӕ ӕвзӕрстытӕ — Рамзан Кадыровы политикон карьерӕйы та фыццаг хатт, кӕцы иуӕндӕс азӕй фылдӕр лӕууы республикӕйы сӕргъ. Ӕвзарӕн къамисы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Кадыровӕн сӕ хъӕлӕстӕ радтой, ӕвзӕрстыты хайад чи райста, уыдоны 97,94%.

"Тыбылты Леонид абон ацыд Грозныймӕ. Делегацийы сконды ма сты президентон администрацийы къухдариуӕггӕнӕг Джиоты Алан ӕмӕ Ӕдасдзинады советы сӕргълӕууӕг Плиты Анатолий. Уыдон райсдзысты хайад Цӕцӕны сӕргълӕууӕджы инаугурацийы церемонийы", — загъта Яновская.

Инаугурацийы церемони уагъд ӕрцӕудзӕн Шахбулатовы номыл Паддзахадон филармонийы.

Кадыров йӕ бынатмӕ бахиздзӕн йӕ 40 азы юбилейы бон. Уымӕй дарддӕр ма ӕртыццӕджы Грозный 198-ӕм хатт нысан кӕны Горӕты бон ӕмӕ йӕ столицӕйы разамынад баныфс ӕвӕрдтой уый иумӕйаг бӕрӕгбонон фӕзуат фестын кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0