Знауыры районы снысан кодтой МХУ-йы ног сӕргълӕууӕджы

© Пресс-служба МВД РЮОГлава МВД Ахсар Лавоев представил УВД Знаурского района нового начальника Аркадия Келехсаева
Глава МВД Ахсар Лавоев представил УВД Знаурского района нового начальника Аркадия Келехсаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Районы Мидхъуыддӕгты министрады управленийы раздӕры сӕргълӕууӕг Къуылыхты Мурманӕн ацы аз октябры стӕрхон кодтой 10 азы ахӕстоны фӕбадын ӕрыгон сылгоймаджы амарыны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы мидхъуыддӕгты управленийы сӕргъ слӕууыд милицийы булкъон Чилӕхсаты Аркадий. МХМ-ы сӕргълӕууӕг Лӕууойты Ӕхсар дыццӕджы хисӕрмагонд скондӕн базонгӕ кодта ног хистӕры, фехъусын кодтой Sputnik МХМ-ы пресс-службӕйы.

Раздӕр ацы бынат ахста Къуылыхты Мурман, кӕцыйӕн ацы аз октябры стӕрхон кодтой 10 азы ахӕстоны фӕбадын ӕрыгон сылгоймаг амарыны тыххӕй.

"Чилӕхсаты Аркадий йӕ кусӕгон архайд райдыдта ОМОН-ы. ОМОН-ы уӕды коллектив равдыста хъӕбатырдзинад куыд ӕддагон знӕгтимӕ тохы, афтӕ фыдракӕндтимӕ Хуссар Ирыстонӕн йӕхимидӕг дӕр. Аркадий Петры фырт кӕддӕриддӕр цӕттӕ уыд йе ′мбӕстӕгтӕ бахъахъхъӕнынмӕ", — загъта Лӕууойты Ӕхсар Знауыры районы МХУ-йы кусджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Следственный изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Санахъоты Аннайы марӕгӕн стӕрхон кодтой дӕс азы ахӕст

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног хистӕр хорз зоны милицийы куыст ӕмӕ йӕхи равдыста арӕхстджын, дисциплинӕджын къухдариуӕггӕнӕгӕй ӕмӕ равдыста ныфс, кӕй фӕбӕрзонддӕр кӕндзӕн районон управленийы куысты гъӕд ӕхсӕнадон уагӕвӕрд ифтонг кӕныны хъуыддаджы.

Чилӕхсаты Аркадий загъта бузныг МХМ-ы къухдариуӕгадӕн ахӕм ӕууӕнчы тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, кӕй аздахдзӕн ӕппӕт тыхтӕ дӕр йӕ разы ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

Раздӕр Чилӕхсаты Аркадий куыста Хуссар Ирыстоны МХМ-ы информацион центры хистӕры бынаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0