"Спартак-Цхинвал" стох кæндзæн Дзæуджыхъæуы Ирыстоны кубокыл

© Sputnik / Алексей КовалевЧемпионат по футболу "Иры сомбон"
Чемпионат по футболу Иры сомбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Спартак-Цхинвал" æмæ "Пищевик-Беслан" командӕтӕн фембæлд ацæудзæн Дзæуджыхъæуы республикон стадион "Спартак"-ы цыппæрæмы.

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры футболон командæ "Спартак-Цхинвал" цыппæрæмы стох кæндзæн Ирыстоны кубокы сæраппонд Дзæуджыхъæуы, фехъусын кодта Sputnik командӕйы тренер Джиджойты Алан.

"Спартак-Цхинвал" Дзæуджыхъæуы республикон стадион "Спартак"-ы фембæлдзӕн "Пищевик-Беслан"-имӕ.

"Ныхмæлæуд райдайдзæн 6 октябры 3 сахатыл централон стадионы. Командæйы сконды ис 24 адæймаджы, фæлæ абон фæзуатмæ чи рахиздзæн, уыдон нырма бæрæг не ʻсты", — радзырдта тренер.

Уый ма банысан кодта, цалынмæ "Спартак-Цхинвал" Ирыстоны Кубокы сӕраппонд ерысты финалмæ ахызт, уæдмæ кӕй рамбылдта цыппар матчы.

Ирыстоны кубок рамбулыны фӕдыл хъæзтытæ цыдысты ацы азы дæргъы. Хуссар Ирыстонæй сæ уарзон командæйы хъазтмæ бакæсынмæ чи сфæнд кæна ацæуын, уыдонмæ райсомæй вокзалы æнхъæлмæ кæсынц автобустæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0