ОБСЕ адарддӕр кӕндзӕн ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты хъысмӕт сбӕлвырд кӕныны куыст

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæГорода мира. Женева
Города мира. Женева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны цæрджытæй 2008 азы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй ОБСЕ æрбахуыдта уголовон равзӕрстты фӕдыл хæдбар эксперт Душан Игньятовичы. Игньятович йæ куыстмæ æрæвнæлдта фарон октябры æмæ марты æрбавдыста йæ рекомендацитæ.

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. ОБСЕ-йы хӕдбар эксперт октябры адарддӕр кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны цæрджытæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй куыст. Уый фӕдыл республикӕйы минӕвӕрттӕн ныфс бавӕрдтой женеваг дискусситы ӕхсӕнадӕмон ӕмсӕрдӕрттӕ, фехъусын кодта фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты.

Женевӕйы 4-5 октябры уагъд ӕрцыд Фӕскавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕхсӕнадӕмон дискусситы радон раунд, цы ран уынаффӕ кодтой ӕдасдзинады фарстытыл, Гуырдзыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕныл уавӕрыл, гуманитарон фарстытыл, афтӕ ма республикӕйы цӕрджытӕй ӕбӕрӕгӕй цы ӕмбӕстӕгтӕ фесӕфт, уыдон хъысмӕт сбӕлвырд кӕныныл.

"Ӕдасдзинады фӕдыл иумӕйаг уавӕр ӕмӕ гуманитарон фарстыты ӕмрӕнхъ уынаффӕ цыд ахӕм фарстытыл, куыд Гуырдзыстоны территорийыл нӕ республикӕйы цӕрджытӕй чи фесӕфт, уыдон хъысмӕт сбӕлвырд кӕнын. Ӕхсӕнылӕгтӕ баныфс ӕвӕрдтой, октябрӕй та йӕ куыст кӕй адарддӕр кӕндзӕн ӕрбахонгӕ ӕхсӕнадӕмон хӕдбар эксперт", — загътой ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæй 2008 азы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй ОБСЕ æрбахуыдта уголовон равзӕрстты фӕдыл хæдбар эксперт Душан Игньятовичы. Игньятович йæ куыстмæ æрæвнæлдта фарон октябры æмæ марты æрбавдыста йæ рекомендацитæ.

Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
ОБСЕ эксперты доклад равдыста, Гуырдзыстон кæй у аххосджын РХИ æмбæстæгты фесæфты

ФХМ ӕмӕ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ОБСЕ-йы эксперт Душан Игньятовичы раныхасы рекомендацитæ æмæ хатдзæгтæ бæлвырд кæнынц, Гуырдзыстоны полици кæй у аххосджын хуссарирыстойнаг æмбæстæгты фесæфыны хъуыддаджы.

Раздæр Джиоты Мурæт фехъусын кодта Sputnik, эксперты документы бæлвырдæй æвдыст кæй у уый, æмæ æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — кӕй уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты. Уый банысан кодта, Гуырдзыстон кæй хæссы бæрндзинад хуссарирыстойнаг фесæфæг æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныны хъуыддаджы.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ӕбӕрӕгӕй чи фесæфт, уыдон хъысмæты тыххæй исты базоныны фӕдыл куыст райдыдта 2010 азы. Эксперттæ уæд куыд рабæрæг кодтой, афтӕмӕй æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — 2008 азы адавды фæстæ цавæрдæр рæстæг уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт у æбæрæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0