Генпрокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг хуыты африкӕйаг емынӕйы фӕдыл

© Sputnik / Сергей Пивоваров /  Ахизын медиабанкмæВспышка африканской чумы свиней
Вспышка африканской чумы свиней - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕууон хӕдзарады министрады ветеринарон службӕйы минӕвӕрттӕн уыд ӕнӕмӕт ахаст ацы сӕрды хуыты африкӕйаг емынӕйы апарахат ма бауадзыны хъуыддагмӕ, нымайы Генералон прокуратурӕ. Ацы фарсты фӕдыл ведомствӕ бакодта дыууӕ уголовон хъуыддаджы.

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Республикӕйы генералон прокуратурӕ нымайы, хуыты африкӕйаг емынӕйы ныхмӕ бӕрнон кусджытӕн кӕй уыд ӕнӕмӕн ахаст, фехъусын кодта цыппӕрӕмы пресс-конференцийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Вспышка чумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Россельхознадзор сбӕлвырд кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй ис африкӕйаг емынӕ

Тыхон ведомствӕ бакодта дыууӕ уголовон хъуыддаджы хуыты африкӕйаг емынӕйы фӕдыл. Сӕ иу агайы амалиуӕггӕнджыты, кӕцытӕ ницӕмӕ ӕрдардтой хуытӕ хъомыл кӕныны фӕдыл тобӕ, иннӕ та — сӕ хӕстӕм ӕнӕмӕт ахаст цы бӕрнон кусджытӕн уыд, уыдоны.

Хуыты африкӕйаг йемынӕ Хуссар Ирыстоны апарахат ацы аз апрелӕй августмӕ. Хъӕууон хӕдзарады министрады зонӕнтӕм гӕсгӕ, эпидемийӕ ныццагъд 500 хӕдзарон фосӕй фылдӕр.

Чи ратдзӕн дзуапп законы раз, уый генпрокурор нӕ загъта — корректоныл нӕ банымадта, цы бӕрнон кусджыты ныхмӕ ӕрцыдысты баконд уголовон хъуыддӕгтӕ, уыдон нӕмттӕ хъусын кӕнын.

"Вирусы парахат кӕнын цы бӕрнон кусджытӕ ма хъуамӕ бауагътаиккой, уыдонӕн уыд тынг ӕнӕмӕт ахст сӕ хӕстӕм. Уыдон аскъуыддзаг кодтой, зӕгъгӕ, мард хуыты баныгӕн ӕмӕ хъуыддаг ууыл фӕцис. Ӕз дзурын хъахъхъӕнынады министрады структурӕтӕ ӕмӕ дӕлведомствӕйон ветеринарон службӕты тыххӕй, кӕцытӕ районты администрациты сӕргълӕуджытимӕ иумӕ хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой ацы куыст", — загъта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Уымӕй дарддӕр ма генералон прокурор нымайы, аххосджын ма кӕй сты амалиуӕггӕнджытӕ сӕхӕдӕг, кӕцытӕ зиан баййӕфтой эпидемийӕ.

"Сӕ фос ацы вирусӕй цы амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ адӕмӕн ныццагъды сты, уыдон ӕндӕр ницы ′рымысыдысты, мард фос адагты ӕмӕ Леуахийы ныппарынӕй дарддӕр. Ацы адӕмы ныхмӕ уагъд ӕрцӕудзӕн равзӕрст, кӕд ӕмӕ зиан баййӕфтой, уӕддӕр", — загъта генпрокурор.

Уый ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ахӕм эпидеми ма кӕй уыд 2013 азы дӕр ӕмӕ уӕд рахастӕуыд фӕдзӕхст, ӕртӕ азы мидӕг республикӕйы кӕй нӕй бар хуытӕ хъомыл кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0