Президент: Хуссар Ир бӕрзонд аргъ кӕны Путины хайбавӕрдӕн республикӕйы размӕцыды

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæПрезидент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов
Президент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры президент раарфӕ кодта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн.

ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путины ном ӕнгом баст у 2008 азы августы республикӕйы адӕмӕн ахсджиаг уынаффӕты райстимӕ. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды арфӕйы телы Владимир Путины адресыл йӕ райгуырӕн боны сӕраппонд, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гана Яновская.

"Хуссар Ирыстоны дзыллӕйад бӕрзонд аргъ кӕны Дӕ сӕрмагонд хайбавӕрдӕн нӕ ӕрыгон паддзахады размӕцыдмӕ, ӕдзух хъусдардӕн Хуссар Ирыстоны сӕндзидзӕн кӕныны проблӕмӕтӕм, йӕ цӕрджыты ӕдасдзинад ӕмӕ цардмӕ", — дзырдӕуы арфӕйы телы.

Тыбылты Леонид равдыста ныфс, "дыууӕ ӕфсымӕрон бӕстӕты хсӕн традицион ӕгъдауӕй хъарм ӕмӕ ӕууӕнкон ахастытӕ дарддӕр дӕр кӕй рӕздзысты активонӕй ӕууӕнчы ӕмӕ кӕрӕдзийӕн цыткӕныны принциптыл".

Йӕ цӕст Владимир Путинӕн бауарзтафидар ӕнӕниздзинад, фарн ӕмӕ ног ӕнтыстытӕ йӕ архайды Стыр Уӕрӕсейы бирӕнационалон адӕмы хӕрзиуӕгӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0