Цхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ

© РХИ МХМ пресс-службӕЦхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ
Цхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсменты йæхимæ исы мидхъуыддæгты министр Лæууойты Ӕхсар. Нывæзтмæ гæсгæ уазджытæ майрӕмбоны дидинтæ сæвæрдзысты гуырдзиаг-ирон хæсты фæмардуæвæг æфсæддонты цыртытыл, боны дыккаг æмбис та райдайдзæн турнирмæ цæтæгæнæн куыст - спортсментæ дих æрцæудзысты хицæн уæзы категоритыл.

ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирмæ фӕсарӕнтӕй цæуынц ӕмбуар хӕстӕй фыццаг ӕхсӕнадӕмон турниры архайæг командæтæ, спортсменты Цхинвалы йæхимæ райста мидхъуыддæгты министр Лæууоты Ӕхсар.

Мидхъуыддӕгты министрады призтыл ӕмбуар хӕстӕй фыццаг ӕхсӕнадӕмон турнир уагъд цæудзæн Цхинвалы 8-9 октябры. Гауызмӕ рахиздзысты командæтæ Уæрæсе ДАР, ЛАР, Днестргӕрон республикӕ, Узбекистан æмæ Азербайджанæй.

© РХИ МХМ пресс-службӕЦхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ
Цхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ

Лæууойты Ӕхсар арфӕйы ныхæстæ загъта уызджытæн, кæй æрцыдсты турниры архайынмæ ӕмӕ банысан кодта, Хуссар Иры спортивон царды спорты ацы хуызӕй фыццаг турнир ауадзыны хуыддаг стыр цау кæй у.

"Хæсты фæстæ ахæм æмæвæзадыл турнир ауадзыныл хъуыды дæр ничи акодтаид. Мæн ныфс ис, ацы турнирæн кӕй уыдзæн разæнгардгæнæн æндæвдад Хуссар Иры спортыл. Уырны мæ, сæдæгай лæппутæ æмæ чызджытæ кӕй райсдзысты хорз дæнцæг. Ӕнхъæлмæ кæсæм, турнир æмбæлон æмвæзадыл кæй ацæудзæн æмæ райгондæй кӕй баззайдзысты уазджытæ, тренертæ æмæ тæрхонгæнджытæ дæр", — банысан кота министр.

Лӕууойты Ӕхсар ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, кӕд ацы турнир нырма фыццаг уагъд цӕуы республикӕйы, уӕддӕр фидӕны хъуамæ суа традицион, азæй-азмӕ та йæ бацæттæ кæныны æмвæзад кæндзæн бæрзонддæр.

"Цхинвал уыд хæстард горæт, цадæггай йæ къахыл лæууы, кæд æндидзынгæнæн процесс фæфæстиат, уæддæр. Абон Цхинвал сабыр горæты хуыз райста. Хъыгагæн нæм аккаг уазæгдæттæ нæй, фæлæ азæй-азмæ хуыздæр кæны уавæр æмæ радон чемпионат ацæудзæн бæрзонддæр æмвæзадыл", — загъта уый.

© Гæбæраты Э. архивæйЦхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ
Цхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ

Фембӕлды рӕстӕджы ма Мидхъуыдæгты министрады ведомствæйон хорзæхтæй сбуц кодтой уазджыты иу къорды.

Уӕрӕсейы МХМ мидæггагон службæйы булкъон Константин Зайцев бузныджы ныхæстæ загъта фысымтӕн турнирмӕ фӕхуынды ӕмӕ хъарм райсты тыххӕй.

"Бамбæрстам æй, Хуссар Ирыстон уазæгуарзаг бæстæ кæй у. Горæты атезгъо кодтам, бацыдыстæм кафемæ æмæ ныл алы ран дæр хорз æмбæлынц. Бæрæг у, мадзалӕн стыр гуырахст кæй ис, адæм уайтагъд базонынц, турнирмæ кæй æрцыдыстæм. Бузныг, кæй нæ фæхуыдтат æмæ Уæрæсейы МХМ та алыхатт дæр цæттæ у ахæм турнирты хайад исынмæ", — радзырдта Зайцев.

Ерыстæ уагъд цӕудзысты дыууӕ боны дӕргъы Цхинвалы Алина Кабаевайы спортивон комплекс "Олимп"-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0