ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik, Болататы Алинӕ. Республикӕйы фондз уӕлдӕр ахуырадон уагдӕтты студенттӕ 8-9 октябры, улӕфт бонтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, бабӕрӕг кодтой ӕрыгон ахуыргӕндты стратегион сесси. Дыууӕ боны мидӕг студенттӕ, аспиранттӕ, ахуыргӕндтӕн уыд фадат мӕскуыйаг делегациимӕ ӕрдзурын, афтӕ сӕ зонадон потенциалы реализацийы проблемӕтӕ адих кӕнын.
Ис тынг бирӕ гранттӕ ӕмӕ программӕтӕ, кӕцытыл студенттӕн ис фадат стох кӕнын ӕмӕ сын ис хорз шанстӕ райсынӕн. Фӕлӕ иумӕйаг зонадон тыгъдад кӕй нӕй, уый аххосӕй ауадзгӕ грантты тыххӕй информаци арӕх фӕтары вӕййы. Ома, студентты фӕнды хайад исын бӕстӕйы зонадон царды, фӕлӕ сын уыцы хъуыддаджы нӕй финансон ӕмӕ информацион ӕххуыс. Растдӕр уыцы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын у РЦИ-Аланийы ӕрыгон ахуыргӕндты ассоциаци "Community development. Владикавказ"-ы нысан.
Мӕскуыйаг эксперттӕ адих кодтой сӕ фӕлтӕрддзинад ахӕм зонадон фӕзуӕттӕ саразыны хъуыддаджы, баххуыс кодтой ассоциацийы нысӕнттӕ, йӕ архайды здӕхт сбӕлвырд кӕнын, радзырдтой грантты тыххӕй ӕмӕ ма сарӕзтой 2017 азӕн иумӕйаг кусӕгон нывӕзт дӕр.
Сколковойы Гом университеты директоры хӕдивӕг Екатерина Морозова банысан кодта, кӕй у райгонд фембӕлды фӕстиуджытӕй ӕмӕ бахахх кодта, Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдӕн кӕй ис хорз зонадон потенциал.
"Фӕзынд ассоциацийы бындур. Ӕмӕ уыдон ӕрмӕст республикӕйы зындгонд адӕм не ′сты, ома ӕрыгон ахуыргӕндты советы сӕрдар ӕмӕ цавӕрдӕр активисттӕ. Фӕзынд 10-20 ӕрыгон адӕймаджы, кӕцытӕ махимӕ ӕрбацыдысты ацы сессимӕ ӕмӕ фыццаг сахаттӕй сфӕнд кодтой кӕронмӕ баззайын. Ӕрбацыдысты дыккаг бон ӕмӕ активонӕй куыстой проекты темӕты хӕслӕвӕрдтыл", — загъта Екатерина Морозова.
Стратегион сессийы фӕстӕ йӕ хайадисджытӕн уыдзӕн фадат проектон куыст регионы адарддӕр кӕнын, ассоциацийы куысты схемӕ аразын, афтӕ ма Сколковойы Гом университет ӕмӕ ИЦ "Сколково"-йы ӕххуыс исын программӕ "Ӕрыгон ахуыргӕндтӕ ӕмӕ специалистты" фӕлгӕтты.
Мадзал уагъд ӕрцыд Сколковойы Гом университет, РЦИ-Аланийы фӕсивӕды фӕдыл комитет ӕмӕ Фӕсивӕдон инновацион сфӕлдыстады центр FabLab Alania-йы ӕххуысӕй.