Эпилепси ӕмӕ СЦП рынчынты басгӕрстой петербургаг дохтыртӕ

© Sputnik / Мария КотаеваРеспубликанская соматическая больница в Цхинвале
Республиканская соматическая больница в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Санкт-Петербургаг магъзы институты дохтыртӕ Цхинвалы басгӕрстой, Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕй эпилепси ӕмӕ СЦП-ӕй рынчын чи у, уыдоны. Ӕнӕаргъ басгӕрст уагъд ӕрцыд хӕрзаудӕн акци "Цард ӕнӕ эпилепсийӕ"- йы фӕлгӕтты.

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Эпилепси ӕмӕ сывӕллӕтты церебралон параличӕй рынчын 35 цӕрӕджы рацыдысты басгӕрст Бехтеревайы номыл адӕймаджы магъзы институты уӕрӕсейаг специалисттӕм. Sputnik республикон соматикон рынчындоны дохтыртӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй сӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕ истой пациентты дыууӕ боны мидӕг суанг ӕхсӕвы онг.

Цхинвальская соматическая больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Акци "Цард ӕнӕ эпилепсийӕ" уагъд цӕуы Хуссар Ирыстоны

"Фыццаг бон дохтыртӕ истой сӕры магъзы энцефалограмма. Пациеттӕн сӕ фылдӕр уыдысты сывӕллӕттӕ. Дохтыртӕ истой пациентты суанг ӕхсӕвы онг. Химӕрайсты дыккаг бон эпилептолог Надежда Королева энцефалограммайы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ уагъта консультацитӕ пациенттӕн — дохтыр бӕлвырд кодта низы иууыл вазыгджындӕр формӕтӕ, кӕцытытӕ домынц операци. Пациенттӕн ма лӕвӕрд ӕрцыдысты рекомендацитӕ дарддӕры басгӕрсты фӕдыл", — загътой рынчындоны.

Бӕрзондквалификацион специалисттӕм консультацитӕм фӕцыдысты пациенттӕ республикӕйы дӕрддзӕф хъӕутӕй дӕр.

"Ӕрбакодтой эпилепси ӕмӕ СЦП-ӕй рынчын сывӕллӕтты Къуайсайӕ, Дзауы районӕй ӕмӕ скъола-интернатӕй. Пациенттӕн сӕ фылдӕр уыдысты сывӕллӕттӕ", — бафтыдтой медицинон уагдоны.

Уӕрӕсейаг специалисттӕ дыууӕ бонмӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ хӕрзаудӕн акци "Цард ӕнӕ эпилепсийӕ"- йы фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0