ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Плиты Маирбег, кӕцыйы Цхинвалы алчидӕр зоны, куыд Дзиба, уыд хъаруджын хӕстоны дӕнцӕг — мызыхъхъ гуырыконд, фидар къухтӕ, цæстахадæн зачъе ӕмӕ алыхатдӕр ӕфсӕддон дарӕсы. Плиты Маир службӕ кодта Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады 12 азӕй фылдӕр. Уыд взводы командир ӕмӕ ротӕйы командиры хӕдивӕг. 2007 азы уыд хъахъхъӕнынады министрады хицӕн сгарӕн батальоны ракетон-артиллерион гӕрзты службӕйы сӕргълӕууӕг.
Ӕртӕ хӕст рацӕугӕйӕ — Хуссар Ирыстоны, Абхаз ӕмӕ Донбассы — нӕлгоймаджы мидӕг иууыл стырдӕр аргъ кодта хъахъхъӕнӕджы миниуджытӕн, хъӕбатырдзинадӕн, аккаг уагахастӕн. Дзиба уӕлахиздзау куы уыд, уӕд ӕвдыста уӕздандзинад уацайрӕгтӕм, куы ӕнкъардта, уӕлахиз йемӕ нӕй, зӕгъгӕ, уӕд та тох кодта кӕронмӕ, кӕд зыдта, ӕнӕмсӕр тохы йӕ мӕлӕт ссардзӕн, уӕддӕр.
2008 азы августы, Дзиба хӕстон архӕйдтыты тӕмӕны куы уыд Цхинвалы, уӕд йӕ хистӕр лӕппу фӕцис уӕззау цӕф. Фыд йӕ лӕппуйы йӕ къухтыл фӕхаста ӕнӕхъӕн горӕтыл рынчындонмӕ. Фырты рынчындоны ныууагъта ӕмӕ раздӕхт фӕстӕмӕ хæдæфсæддонтӕм. Йе ‘фсӕддон дарӕс амӕхст уыд йӕ сывӕллоны тугӕй. Фӕндагыл ыл фембӕлдысты ирон хӕдӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ Дзибамӕ тӕрхоны фӕдыл бакодтой гуырдзиаг хӕстуацайрӕгты. Уацайрӕгтӕй иу, ӕрыгон лӕппу куырдта, цӕмӕй йын ныххатыр кӕной. Чизоны, ацы лӕппумӕ гӕсгӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд йӕ фырт. Йӕ иу къухы уыд автомат, иннӕмӕй та йӕхимӕ ӕрбалхъывта уыцы лӕппуйы ӕмӕ радта дзырд, кӕй йӕм ничи февналдзӕн. Уыцы лӕппуйы фӕстӕдӕр арвыстой Гуырдзыстонмӕ, йӕ фырт та диссаджы ирвӕзт акодта мӕлӕтӕй.
20-азон ӕфсӕддон фӕлтӕрддзинадимӕ, уымӕн йӕ бон нӕ уыд Донбассы хабӕрттӕм диваныл бадгӕйӕ хъусын ӕмӕ 2014 азы сӕрды уыд батальон "Восток"-ы сконды. Хӕдзары уымӕ сӕ зӕрдӕтӕ ӕхсайдой йе ‘ртӕ хъӕбулы ӕмӕ хъӕбулы хъӕбултӕн. Йӕ интервьюйы Дзиба дзырдта, бархионты бирӕ нымӕцмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, батальоны кӕй хъӕуы фылдӕр адӕм, цӕмӕй хъахъхъӕнынадӕй рахизой размӕ бырстмӕ.
Уый нӕ дызӕрдыг кодта, хорз техникӕйӕ дарддӕр ма хӕсты кӕй хъӕуы фидар удыхъӕд, кӕцы тӕры размӕ. Иунӕг хъуыддаг, цӕмӕй тарст, уый уыд — гом быдыры тох. Уынджы тохты та йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыфӕнды знагыл дӕр фӕуӕлахиз уыдаид.
"Донбассы мӕ бафӕндыд уыцы адӕмы фарс балӕууын, кӕцытӕ равзӕрстой сӕрибардзиад, ӕмӕ кӕцы зынаргъӕй балхӕдтой ирон адӕм дӕр. Мӕ зӕрдӕ зӕгъы Донбассы цӕрджытӕн, цӕмӕй сӕ хӕдбардзинадыл тох ма ныддаргъ уа бирӕ ӕзты, куыд Хуссар Ирыстоны", — дзырдта Дзиба йӕ интервьюйы.
Иухатт йӕ къухмӕ хӕцӕнгарз райсгӕйӕ Райгуырӕн зӕхх бахъахъхъӕныны тыххӕй, уымӕн зын уыд йӕхи ӕндӕр къабазы ссарын, дзырдта, зӕгъгӕ, цард уый аргъ у ӕмӕ йӕ раттай дӕ бинонты, ӕмбӕлтты, мадӕлон зӕххы тыххӕй.
Бирӕ цыдӕртӕ уый аргъ сты, цӕмӕй сын дӕ цард снывонд кӕнай. Мӕлӕтӕй алчидӕр тӕрсы. Ницы уӕлдай у адӕймаг кӕд амӕлдзӕн. Ахсджиаг у, цы адӕймагӕй амӕлдзӕ. Мӕлӕт ссарӕн ис куыд тохы быдыры, афтӕ хӕдзары ӕхстытӕй ӕмбӕхсгӕйӕ дӕр. Мӕ фырт хистӕр кармӕ хизгӕйӕ, мысдзӕн мӕн куыд нӕлгоймаджы ӕмӕ мӕ уыдзӕн сӕрыстыр", — дзырдта Дзиба йӕ интервьютӕй иуы.
Уымӕн йӕ бон ссис, йӕ фарсмӕ чи уыд ӕмӕ ӕххуыс кӕй хъуыд, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕнын. Фӕлӕ йын йӕхи бахизын нӕ бантыст. Абон Маиры бинонтӕ ӕмӕ хӕстӕджыты адресыл тӕфӕрфӕсы телтӕ ӕрвитынц йӕ хӕстон ӕмгӕрттӕ, Донбассы бархионты цӕдис. Социалон хызӕгты адӕм мысынц йӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ уарзон Ирыстоныл удуӕлдай æнувыддзинад.