Цхинвайлаг "Барсалан" хайад исы ӕхсæнадæмон турнир "Кожаный мяч"-ы

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæФутбол.
Футбол. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры командæ турниры фæлгæтты рамбылдта дыууæ хъазты, æртыццæджы та "Барсалан" стох кæндзӕн Китайы командæимæ.

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Республикон футболы скъолайы командӕ "Барсалан" хайад исы Ӕхсæнадæмон турнир "Кожаный мяч"-ы. Цхинвайлаг командæйæн нырмæ уыд дыууæ фембæлды æмæ дыууæйы дæр ссис уæлахиздзау, фехъусын кодта Sputnik скъолайы директор Битеты Зауыр.

Товарищеский матч по футболу - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Спартак-Цхинвал" рамбылдта Ирыстоны кубок

"Ӕртыццæджы ма "Барсалан" ахъаздзӕн Китайы командæтæй сæ иуимæ æмæ уый фӕстæ фæбæрæг уыдзысты сæ ныхмæлæуджытæ радон туры. Ацы хъазтæй бæрæг уыдзæн, къорды лидертæ суыдзысты æви нæ", — радзырдта Битеты Зауыр.

Уый ма банысан кодта, уалдзæджы та ацы командæ кӕй ссис Дагомысы уагъд цæуæг турниры уæлахиздзау.

Ӕхсæнадæмон турнир "Кожаный мяч"цæуы Анапæйы 10-16 октябры. Нывæзтмæ гæсгæ турниры архайы фараст командæйы Уæрæсе, Молдова, Беларусь, Абхаз, Китайы Адæмон Республикæ æмæ Хуссар Ирыстонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0