Гасситы Мурӕт vs Денис Лебедевы тохмӕ билеты аргъ у 25 мин сомы онг

© FacebookГассиев перед боем с Шиммелем
Гассиев перед боем с Шиммелем - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурӕт vs Денис Лебедевы тох уагъд ӕрцӕудзӕн мӕскуыйаг спорты галуан "Мегаспорт"-ы аренӕйыл 3 декабры.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедевы тохмӕ иууыл зынаргъдӕр билеты аргъ лӕудзӕн 25 мин сомы он. Иууыл ӕнхъӕлцаудӕр ныхмӕлӕудтӕй иумӕ билет балхӕнӕн ис ныр дӕр сайт VIP-кассӕйыл.

Мурат Гасситы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт йӕ райгуырӕн бон арвитдзӕн спортзалы

Гасситы Мурӕт vs Денис Лебедевы тох уагъд ӕрцӕудзӕн мӕскуыйаг спорты галуан "Мегаспорт"-ы аренӕйыл 3 декабры. Чемпионы титулыл стох кӕндзысты уӕззау уӕзы категорийы дыууӕ ирд минӕвары.

Сайт VIP-кассайы аргътӕм гӕсгӕ, аренӕмӕ ӕввахсдӕр сектор А0-VIP-мӕ билет балхӕнӕн ис 22,5 — 24,5 мин сомӕй. Сектортӕм А1 ӕмӕ А2 билеты аргъ у 14,5 —19,5 мин сомы. Дӕрддзӕф бынӕттӕй ныхмӕлӕудмӕ бакӕсӕн уыдзӕн 2 — 6,5 мин сомы билетыл бафидгӕйӕ.

Гасситы Мурӕты уæлахиз америкайаг боксер Джордан Шиммелыл ирон боксерæн фадат радта Боксы æхсæнадæмон федерацийы (IBF) чемпионы титулмæ претендент суæвынæнӕн. Лебедев уыцы мӕй баиу кодта WBA ӕмӕ IBF титултӕ аргентинаг Виктор Рамиресимӕ тохы рӕстӕджы.

Гасситы Мурӕт йӕхи цӕттӕ кӕны тохмӕ Лос-Анджелесы, Big Bear базӕйы тренер Абель Санчесы къухдариуӕгады бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0