Уӕрӕсейы ӕртӕ ӕмбӕстаджы фӕмард сты аварийы Цӕгат Ирыстоны

© Sputnik / Алана СабееваАвари
Авари - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуыйӕ Ереванмӕ цӕуӕг пассажирон рейсон автобус сӕмбӕлд уӕзласӕн машинӕйыл райсом цыппар сахатмӕ ӕввахс Цӕгат Ирыстоны Рахизфарс районы.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Ӕртӕ уӕрӕсейаг ӕмбӕстаджы фӕмард сты фӕндагон-транспортон цауы Цӕгат Ирыстоны, фехъусын кодтой РИА Новости барадхъахъхъӕнӕг органты.

Раздӕр хъусын кодтой, ФТЦ-ы кӕй фӕмард сты Сомихстоны фондз ӕмбӕстаджы.

Мӕскуыйӕ Ереванмӕ цӕуӕг пассажирон рейсон автобус сӕмбӕлд уӕзласӕн машинӕйыл райсом цыппар сахатмӕ ӕввахс Цӕгат Ирыстоны Рахизфарс районы. Аварийы рӕстӕджы фӕмард сты фондз адӕймаджы, 27 сты рынчындоны. Уыдонӕй цыппар сты сывӕллӕттӕ 10-15 азы кары.

Кадры с места аварии пассажирского автобуса на трассе Беслан-Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аварийы бахауджыты фӕхӕццӕ кӕндзысты Сомихстонмӕ УУМ-ы хӕдтӕхӕгыл

Беслӕны культурӕйы хӕдзары баконд ӕрцыд рӕстӕгмӕ ӕрбынаты пункт, уым уал уыдзысты медицинон ӕххуыс кӕй нӕ хъӕуы, уыдон. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ФТЦ-ы зианбаййафджытӕн сӕ фылдӕр сты Сомихстоны цӕрджытӕ.

"Фӕмардуӕвджыты ӕхсӕн ис ӕртӕ уӕрӕсейаг ӕмбӕстаджы, уыдон нымӕцы аварийы бахауӕг сывӕллӕтты тренер, кӕцытӕ цыдысты Ереванмӕ спортивон ерыстӕм, иннӕ дыууӕ та сты Сомихстоны ӕмбӕстӕгтӕ", — загъта агентады дзырдӕмбал.

Ног хабӕртты лентӕ
0