ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы транспорты министрады регулярон ӕхсӕнадӕмон автобусон маршрутты реестры Цӕгат Ирыстоны ФТЦ-ы бахауӕг автобусы хицау-компанийы тыххӕй ницы зонӕнтӕ ис, хъусын кӕны Паддзахадон къазнӕйон управленийы пресс-службӕ.
"Автобус рараст Мӕскуыйӕ 13 октябры. Горӕттаг автовокзалы ацы рейсы тыххӕй информаци ис. 14 октябры райсомӕй Цӕгат Ирыстоны трассӕйыл автобус сӕмбӕлд уӕзласӕн машинӕ Scania-йыл. Салоны уыд 52 пассажиры, ныртӕккӕ нӕм ис иформаци 5 фӕмардуӕвӕджы ӕмӕ 27 зианбаййафӕджы фӕдыл", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Паддзахадон къазнӕйон управленийы къухдариуӕггӕнӕг Сергей Дьяковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм ФТЦ ма ӕрцыд Тулӕйы областы.
Мӕскуыйӕ Ереванмӕ рацӕугӕ ӕнӕзаконон рейс бахауд аварийы: шофыр афынӕй рулыл. Фӕстӕдӕр рабӕрӕг, уый кӕй нӕ хъахъхъӕдта улӕфты ӕмӕ куысты режим, цӕй фӕстиуӕгӕн фӕмард 9 адӕймаджы, ноджы ма 46-ӕн та ӕрхастӕуыд зиан.
"Ӕнӕлегалон компанитӕ арӕх экономи кӕнынц кусджытыл ӕмӕ халынц ӕдасдзинады ӕндӕр домӕнтӕ", — банысан кодта Дьяков.
Рейсон бӕлццон автобус Мӕскуы — Ереван сӕмбӕлд уӕзласӕн машинӕйыл райсом цыппар сахатмӕ ӕввахс Цӕгат Ирыстоны Рахизфарс районы. Аварийы рӕстӕджы фӕмард сты фондз адӕймаджы, 27 сты рынчындоны. Уыдонӕй цыппар сты сывӕллӕттӕ 10-15 азы кары. Рынчындӕтты ис 9 адӕймаджы. Беслӕны культурӕйы хӕдзары баконд ӕрцыд рӕстӕгмӕ ӕрбынаты пункт, уым уал уыдзысты медицинон ӕххуыс кӕй нӕ хъӕуы, уыдон. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ФТЦ-ы зианбаййафджытӕн сӕ фылдӕр сты Сомихстоны цӕрджытӕ.