Хуссар Иры дæсны барджытæм сидынц бæхты дугътæм

© Sputnik / Ада БагианСкачки на лошадях
Скачки на лошадях - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæхты дугътæ цæудзысты Джеры комы Маралеты хъæуы. Барджытæ сæ тыхтæ бавзардзысты æртæ километры дистанцийы.

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Республикæйы фæлтæрддæр барджытæ се ‘взыгъддзинад бавзардзысты бӕхты дугъы, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн 24 октябры Джеры комы Маралеты хъæуы, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатор Къӕбулты Ренат.

Бæхты дугътæ фӕстаг ӕзты Хуссар Ирыстоны ссисты традицион, цæуынц ныр æхсæз аз фæд-фæдыл. Ацы аз барджытӕ сӕ арӕхстдзинад равдисдзысты æртæ километры дистанцийы.

"Ерыстæ нывонд сты мӕ фыд Къӕбулты Хъазбег ӕмӕ ме ‘фсымӕр Юрийы рухс нӕмтӕ ссарыны нысанӕн. 24 октябры трагикъон æгъдауæй фæмард Юрий, уымæ гæсгæ дугътæ ауадздзыстӕм уыцы бон", — банысан кодта организатор.

Джеры комы бӕхты дугътӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры рабӕрӕг ис хуыздӕр барӕг

Уый ма банысан кодта, бæхты дугътæ Джеры комы алыхатт дæр кӕй ацæуынц æндæр æмæ æндæр хъæуты, цӕмӕй барджытӕн бынат зонгӕ ма уа ӕмӕ сӕ хӕс фӕвазыгджындӕр уа.

"Ацы хатт та ерысты райдайæны бынатӕй равзæрстам Маралеты хъæуы фæз бынат — ивгъуыд азы ерысты бынатæй 20 километры дарддæр", — бафтыдта йæ ныхæстæм Ренат.

1991 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты рӕстӕджы Джеры комы Уанаты хидыл бӕхыл фӕцӕй цыд Къӕбулты Хъазбег ӕмӕ йын гуырдзиӕгтӕ фехстой йӕ бӕх, йӕхӕдӕг та уӕдӕй абонмӕ у ӕбӕрӕгӕй сӕфт. Къӕбулты Юрий та йӕ трагикъон мӕлӕты размӕ архайдта ацы комы Сау дзуары агъуыст саразыныл. Уымæ гæсгæ æрвылаз Къæбулты фыд æмæ фырты номарæн дугътæ цæуынц Джеры комы. Фыццаг хатт дугътӕ уагъд ӕрцыдысты 2010 азы, уӕд барджытӕ ерыс кодтой Уанаты хъӕуӕй Сау дзуары онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0