Абайты Уасо æмæ Плиты Грисы стипендитæ райсдзысты РЦИ æвзонг ахуыргæндтæ

© архивное фотоВасо Абаев
Васо Абаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стипендитæ лæвæрд цæуынц, зонадон-иртасæн куысты чи расгуыхт, науæд та ирзонынадмæ уæзгæ хайбавæрд чи бахаста, ахæмтæн.

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны 10 æвзонг ахуыргонды æмæ студенты райсдзысты Абайты Уасо æмæ Плиты Грисы номыл стипедитæ, хъусын кӕны 15 регион.

Стипендитæ лæвæрд цæуынц, зонадон-иртасæн куысты чи расгуыхт, науӕд та ирзонынадмæ уæзгæ хайбавæрд чи бахаста, ахæмтæн.

"Цæгат Иры хицауад сфидар кодта номхыгъд 10 адæймаджы скондæй, кæцытæ райсдзысты дыууæ ирон нымдзыд ахуыргонд æмæ литератор Абайты Уасо æмæ Плиты Грисы номыл стипендитæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Стипендиантты ʻхсæн сты РЦИ паддзахадон университет, Паддзахадон педагогон институт æмæ Гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты студенттæ ӕмæ æвзонг ахуыргæндтæ. Стипендитæ лæвæрд цæудзысты аз иу хатт Ирон æвзаджы боны —15 майы.

Ног хабӕртты лентӕ
0