Зноны скъоладзаутӕ ард бахордтой сæ ахуыргæнджытӕ æмæ æхсæнады минæвæртты раз, хорз кæй ахуыр кæндзысты æмæ Ирыстоны размæцыдыл кæй архайдзысты.
Студенттӕн ма арфæйы фыстæджытæ æмæ видео-арфæтæ ‘рцыдысты Уæрæсейы раззагондæр университетты къухдариуæгадтæй.
Паддзахады сæргълæууæг Тыбылты Леонид раафрæ кодта студенттæн ацы нысаниуӕгджын боны цытӕн ӕмӕ авд хуыздæр студентæн радта президентон стипендитæ.

1/10
© Sputnik / Михаил Хасиев
Фыццагкурсонтӕн концерт уагъд ӕрцыд ПККЗ "Чермены".

2/10
© Sputnik / михаил Хасиев
Уазджытыл ӕмбӕлдысты къӕсӕрыл.

3/10
© Sputnik / Михаил Хасиев
Фыццагкурсонтӕн сценӕйӕ раарфӕ кодтой уӕрӕсейаг ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ.

4/10
© Sputnik / Михаил Хасиев
Концерты хайад райстой кафты ӕмӕ вокалон коллективтӕ.

5/10
© Sputnik / Михаил Хасиев
Мадзалы хайадисджытӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыдысты Уæрæсейы цыппæрæм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ дӕр.

6/10
© Sputnik / Михаил Хасиев
Студенттӕ сӕхӕдӕг дӕр фӕстӕ нӕ фӕлӕууыдысты ӕмӕ бацӕттӕ кодтой ирд ӕмӕ хъӕлдзӕг номыртӕ.

7/10
© Sputnik / Михаил Хасиев
Хистӕр курсыты студенттӕ дӕр ӕрымысыдысты цалдӕр азы размӕ сӕхи бахызт студенттӕм.

8/10
© Sputnik / Михаил Хасиев
"Студенттӕм бахызт" – цытджын мадзал, кӕцымӕ ӕрбацыдысты республикӕйы къухдариуӕгад дӕр.

9/10
© Sputnik / Михаил Хасиев
Студентон мадзал ма ӕрбамбырд кодта хуссарирыстойнаг эстрадӕйы стъалыты.

10/10
© Sputnik / Михаил Хасиев
Студенттӕн ма арфæйы фыстæджытæ æмæ видео-арфæтæ ‘рцыдысты Уæрæсейы раззагондæр университетты къухдариуæгадтæй.