Бразилиаг ӕмӕ цӕгатирыстойнаг тренертӕ ауадздзысты Цхинвалы семинар ММА-йӕ

© FacebookТох клуб CAMARAO-йы
Тох клуб CAMARAO-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг спортсментимӕ кусдзысты дыууӕ номдзыд тренеры – Саулохты Сослан ӕмӕ бразилиаг специалист Джинальду Гомес. Фыццаг тренировкӕтӕ ацыдысты Цхинвалы цыппӕрӕмы.

ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik, Козаты Дианӕ. Клуб CAMARAO-йы тренерон штаб ауаддзӕн цхинвайлаг фӕсивӕдӕн дӕсбонон семинар ММА (Mixed Martial Arts — ӕмхӕццӕ лæгæй-лæгмæ хæст) ӕмӕ грэпплингӕй, загъта Sputnik клубы ӕмхицау Гӕззаты Давид.

Клуб CAMARAO ӕрбайгом Дзӕуджыхъӕуы фарон. Бразилиаг джиу-джитсуйы сусӕгдзинӕдтӕ цӕгатирыстойнаг спортсментӕн ӕргом кӕны Джинальду Гомес — ацы спорты хуызы номдзыд спортсмен.

"Махмӕ ӕрбахатыдысты, цӕмӕй баххуыс кӕнӕм горӕт-хъайтар Цхинвалы фӕсивӕдӕн дӕр ӕмӕ дыккаг бон ӕрцыдыстӕм Хуссар Ирмӕ, цы ран парламенты спикеры руаджы аскъуыддзаг кодтам бирӕ организацион фарстытӕ ӕмӕ бадзырдтам дӕсбонон семинар ММА (Mixed Martial Arts — ӕмхӕццӕ лæгæй-лæгмæ хæст) ӕмӕ грэпплингӕй ауадзын", — радзырдта Гӕззаты Давид.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахуыртӕ уадздзысты Саулохты Сослан ӕмӕ бразилиаг специалист Джинальду Гомес. Фыццаг тренировкӕтӕ ацыдысты Цхинвалы цыппӕрӕмы.

Гӕззаты Давид у ӕнӕдызӕрдыг, Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдӕн кӕй ис тынг егъау потенциал ӕмӕ стыр перспективӕтӕ. Уыдонӕн ӕрдз радта тых, хъӕбатырдзинад, уымӕ гӕсгӕ алыварсонӕй хъӕуы ӕххуыс кӕнын рӕзгӕ фӕлтӕрӕн.

"Семинарты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, ис хъуыды чысыл турнир ауадзын, фӕлӕ уыдон нырма сты нывӕзттӕ. Алцыдӕр у баст тренировкӕгӕнӕн процессимӕ. Стыр бузныг мӕ фӕнды зӕгъын ацы семинартӕ ауадзыны хъуыддаджы бакӕнгӕ ӕххуысы тыххӕй Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Тедеты Бахва ӕмӕ Евровӕйы чемпион панкратионӕй Зӕгъойты Гамлетӕн", — загъта Гӕззаты Давид.

Ринг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чсиаты Рустам: ныхмӕлӕууӕг ӕнхъӕл нӕ уыд, кӕй йыл фӕуӕлахиз уыдзӕн

Уый банысан кодта, ММА абоны бон кӕй у, активонӕй чи рӕзы, ахӕм спорты хуыз нӕ бӕстӕйы. Уыимӕ иумӕ, Гӕззайы фырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыд ӕндӕр спорты хуызты, афтӕ ММА-йы райрӕзтӕн кӕй хъӕуы бирӕ цыдӕртӕ, уый нымӕцы кадртӕ.

"Мах нӕхӕдӕг кусӕм ММА-йы райрӕзтыл Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ хорз ӕмбарӕм, цы цӕлхдуртимӕ ӕмбӕлынц спортсментӕ. Хъыгагӕн, тынг бирӕ тыхджын, курдиатджын фӕсивӕдӕн се ′стыр потенциал не ′рцӕуы реализацигонд алыгъуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ — тренертӕ ӕмӕ финансты хъуагдзинад, ӕвзӕр инфраструктурӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ", — бафтыдта уый.

ММА ирон спортсментӕн нырма у ӕнахуыр спорты хуыз, фӕлӕ ныридӕгӕн бирӕты къухты бафтыд ӕнтыстытӕ ацы ацы спорты хуызы. ММА-йӕ дунейы фыццаг ирон чемпион ссис Хетӕгкаты Знауыр. Ноджы ма иу ирон — Уӕрӕсейы титулджын грэпплер Чсиаты Рустамӕн ацы августы уыд дебют профессионалон рингыл. Уый ӕнтыстджынӕй бавзӕрста йӕ тыхтӕ ММА-йӕ фыццаг цӕгатирыстойнаг турниры.

Ног хабӕртты лентӕ
0