ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг епархи аразы къамис Сыгъдӕг Фыст ӕмӕ хуыцаумӕскуывдты тексттӕ ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕныны фӕдыл. Къамис уыдзӕн иудадзыг, ӕввахс рӕстӕджы фидар ӕрцӕудзӕн йе сконд ӕмӕ куысты нывӕзт ӕввахс ӕртӕ азмӕ, хъусын кӕны Алайнаг сылгоймӕгты моладзандоны сайт.
Ацы фарсты фӕдыл кусӕгон ӕмбырд ауагъта епископ Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг Леонид.
Игуменья Нонна (Багаты) радзырдта архиерейӕн, цы куыст бакодта тӕлмацгӕнӕг къорд фӕстаг рӕстӕджы ӕмӕ тӕлмацгӕнӕн архайд адарддӕр кӕныны фӕдыл нывӕзтты тыххӕй.
Хуыцаумӕскуывдты тексттӕ ирон ӕвзагмӕ тӕлмац кӕныны фӕдыл куыст моладзандоны райдыдта авд азы размӕ.
"Ацы период рауагътам хуыцаумӕскуывдты чиныг (Дигорайы Мадымайрӕмы аргъуаны динамонӕг, протоиерей Плиты Романы редакцийы бын), Акафист, псалмтӕ ӕмӕ къӕлиндартӕ ирон ӕвзагыл", — радзырдтой моладзантӕ.
Фӕстаг ӕртӕ азы, Ӕхсӕнадӕмон ӕргом грантон конкурс "Чырыстон инициативӕйы" ӕххуысӕй къорд тӕлмац кодта Литурги.
"Проекты къухдариуӕггӕнӕг ӕмӕ тӕлмацгӕнӕг Гаглойты Саввайӕн бантыст проектмӕ ӕрбангом кӕнын стыр командӕ, цӕй фӕрцы мах зынгӕ фӕраздӕр стӕм нӕ куысты. Моладзан Георгия (Бестауты) фидар ӕрцыд сӕйраг тӕлмацгӕнӕгӕй. Проекты динон редактор уыд дьякон Дмитрий Асратян, филологон редактор та — Сыгъдӕг Фысты тӕлмацгӕнӕг Коцты Елазиветӕ", — дзырдӕуы моладзандоны сайтыл.
Ирон ӕвзагыл фыццаг хуыцаумскуывдтӕ уагъд ӕрцыдысты Дзӕуджыхъӕуы Мадымайрӕмы аргъуаны ӕмӕ Алагиры моладзандоны. Моладзантӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ирон ӕвзагыл службӕтыл чырыстон адӕм сӕмбӕлдысты тынг ӕхсызгонӕй.
Сылгоймӕгты моладзандоны нывӕзты ма ис мыхуыры рауадзын сывӕллӕтты скувдты чиныг дыууӕ ӕвзагыл оригиналон иллюстрацитимӕ, афтӕ ма Дзуарӕфтыд ӕмӕ Ныгӕныны ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ Мадымайрӕмы Мӕздӕджы уазнывӕн акафист ратӕлмац кӕнын.