Цхинвалы иу хай баззад ӕнӕ газӕй аварийы фӕстиуӕгӕн

© Sputnik / Андрей Варенков /  Ахизын медиабанкмæОколо 400 домов остались без газа из-за незаконной врезки в газовую трубу, осуществленной группой местных жителей
Около 400 домов остались без газа из-за незаконной врезки в газовую трубу, осуществленной группой местных жителей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕлд фадыджы цалцӕгмӕ кусджытӕ ныридӕгӕн ӕрӕвнӕлдтой, цхинвайлӕгты хӕдзӕрттӕм газ фӕхӕццӕ уыдзӕн фӕссихор, фехъусын кодта "Энергоресурс"-ы сӕргълӕууӕг.

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг хайы аскъуыд газӕй ифтонгад горӕты магистралон хӕтӕлыл аварийы фӕстиуӕгӕн, фехъусын кодта Sputnik къуырисӕры Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.

"Дзаттиайы фырты уынгыл, цыран уагъд цыдысты хӕрзарӕзтадон куыстытӕ, хъыгдард ӕрцыд магистралон хӕтӕл. Цӕмӕй авари аиуварс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ бахъуыд Цхинвалы цӕгаттаг хайы — Мӕскуыйы уынгӕй уӕлӕмӕ — ахицӕн кӕнын газ", — радзырдта Гӕбӕраты Алан.

Уый банысан кодта, хӕлд фадыджы цалцӕгмӕ кусджытӕ ныридӕгӕн кӕй ӕрӕвнӕлдтой, цхинвайлӕгты хӕдзӕрттӕм газ фӕхӕццӕ уыдзӕн фӕссихор.

Ног хабӕртты лентӕ
0