Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ир фӕивдзысты сӕ ахаст ӕмгуыстадмӕ

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства обсуждение строительства Цхинвал
Здание правительства обсуждение строительства Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2013 азы дыууӕ республикӕты хсӕн бафыстгонд бадзырдмӕ ӕрцӕудзӕн ӕркаст ӕмгуыстады райрӕзты ‘рдӕм, фехъусын кодта Хъуылымбегты Доменти.

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕркӕсдзӕн йӕ ахастмӕ Цӕгат Иримӕ ӕмгуыстады фӕдыл дыууӕфарсон бадзырдмӕ, загътой Sputnik республикӕйы президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы.

РХИ ӕмӕ РЦИ-Аланийы ӕмгуыстады райрӕзты ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинадыл ӕруынаффӕ кодтой хицауадты сӕргълӕуджытӕ Хъуылымбегты Доменти ӕмӕ Тускъаты Таймураз.

"Уӕрӕсеимӕ интеграцион бастдзинӕдты райрӕзт ӕмӕ фидар кӕнын махӕн у фыццаградон хӕслӕвӕрд, ӕмӕ ам хицӕнӕй лӕууынц Цӕгат Ирыстонимӕ ӕмгуыстады фарстытӕ. Мӕ нымадмӕ гӕсгӕ, уый ӕмбӕрстгонд у, уымӕн ӕмӕ мах стӕм иу адӕмыхатт ӕмӕ алы къабӕзты интеграцимӕ тырнындзинад дзуапп дӕтты нӕ националон домӕнтӕн", — загъта Хъуылымбегты Доменти.

Уый банысан кодта разыдзинад йӕ коллегӕимӕ, дыууӕ республикӕты ӕхсӕн бафыстгонд бадзырдмӕ кӕй хъӕуы ӕркӕсын ӕмгуыстады райрӕзты ӕрдӕм.

"Мах ноджыдӕр хъуамӕ ӕруынаффӕ кӕнӕм хӕслӕвӕрдтыл, кӕцытӕ хъӕуы ӕрӕвӕрын министрӕдтӕ ӕмӕ ведомствӕты раз хицӕнӕй сисгӕ къабӕзты, интеграцион бастдзинӕдтӕ райрӕзты фӕлгӕтты", — банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

РХИ ӕмӕ РЦИ-Аланийы ӕхсӕн базарадон-экономикон, зонадон-техникон ӕмӕ культурон ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бафыст ӕрцыд Цхинвалы 2013 азы ноябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0