00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Утро на Спутнике
В России создан уникальный препарат от рака не имеющий аналогов в мире
08:04
27 Мин
On air
08:34
26 Мин
Утро на Спутнике
Экономические связи между Южной Осетией и Абхазией
09:04
9 Мин
Утро на Спутнике
Памятники участникам ВОВ в селах и столице республики
09:35
10 Мин
On air
09:45
7 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

МХМ: уголовон агуырды сӕргълӕууӕг никуы куыста йӕ фехсӕджы хъуыддагыл

© Sputnik / Алексей КовалевМвд
Мвд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон службӕгӕнӕг Хацырты Таймураз 22 октябры бафӕлвӕрдта фехсын уголовон агуырды сӕргълӕууӕг Медойты Таймуразы йӕ хӕдзары цур. Ныртӕккӕ азымгонд у ахст.

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны МХМ-ы Криминалон милицийы уголовон агуырды сӕргълӕууӕг Медойты Таймураз ныртӕккӕ Хацырты Таймуразы ныхмӕ ницы хъуыддагыл куыста, загъта Sputnik МХМ сӕргълӕууӕг Лӕууойты Ӕхсар.

Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон службӕгӕнӕг Хацырты Таймураз 22 октябры бафӕлвӕрдта фехсын уголовон агуырды сӕргълӕууӕг Медойты Таймуразы йӕ хӕдзары цур. Марыны фӕлвӕрды рӕстӕджы Медойты Таймуразыл ницы зиан ӕрцыд, Хацыры фырт та оперативон ӕгъдауӕй ӕрцыд ахст. Ацы факты фӕдыл бакондӕуыд уголовон хъуыддаг УФ УК 317 статьямӕ гӕсгӕ.

Генералон прокуратурӕйы хъусинаджы дзырдӕуы, "зӕгъгӕ Хацыры фыртӕн уыд фӕнд Медойты Таймуразы амарын — йӕ куысты архайды фӕдыл йӕ маст райсын.

"Ацы хъуыддаг равзарыныл ныртӕккӕ кусы Генералон прокуратурӕ. Нӕ зонӕнтӕм гӕсгӕ, Медойты Таймураз фыдгӕнӕджы ныхмӕ ницы уголовон хъуыддӕгтыл куыста", — загъта Лӕууойты Ӕхсар.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрцӕугӕ цауы фӕдыл цӕуы алыгъуызон дам-думтӕ мидхъуыддӕгты ӕмӕ хъахъхъӕнынады министрӕдты кусджыты ӕхсӕн ныхмӕлӕуды фӕдыл. Министр банысан кодта, "ацы ныхӕстӕ кӕй сты ӕнӕбындур".

"Иу адӕймаджы тыххӕй мах ӕнӕхъӕн ведомствӕйыл нӕ дзурдзыстӕм. Уый сарӕзта фыдракӕнд ӕмӕ йын ратдзӕн дзуапп", — загъта министр.

Ныртӕккӕ азымгонд Хацырты Таймураз ис Хуссар Ирыстоны МХМ рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы.

Ног хабӕртты лентӕ
0