Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой арӕнсӕтджыты ӕнӕ документтӕй

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæНа участке границы с Казахстаном в Алтайских горах
На участке границы с Казахстаном в Алтайских горах - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрцахсты рӕстӕджы арӕнсӕтджытӕм ницы документтӕ разынд.

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой паддзахадон арӕны ӕртӕ халӕджы. Уыдон разындысты Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, загътой Sputnik Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты.

Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстойнаг арӕнсӕттӕджы ныхмӕ баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг

Фӕткхалджыты ӕрцахстой 21-23 октябры Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны Ленингоры районы Тыджыты ӕмӕ Цхинвалы районы Громы хъӕуты фадгуытыл.

"Равзӕрсты рӕстӕджы рабӕрӕг, фӕткхалджытӕ кӕй сты гуырдзыстойнаг ӕмбӕстӕгтӕ — Душеты районы Каркушаанийы, Гуры районы Диди Меджврисхеви ӕмӕ Кирбалийы хъӕуты цӕрджытӕ. Ӕрцахсты рӕстӕджы уыдонмӕ ницы документтӕ уыд", — банысан кодтой ПӔК-ы.

ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕ ныртӕккӕ уадзы куыст фӕткхалджыты гоймагдзинад сбӕлвырд кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0