https://sputnik-ossetia.com/20161025/3209224.html
Ӕхсӕзӕм бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны
Ӕхсӕзӕм бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны
Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕхты дугътӕ уагъд ӕрцыдысты къуырисӕры Джеры комы Маралеты хъӕуы (Цхинвалы район). 25.10.2016 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2016-10-25T13:46+0300
2016-10-25T13:46+0300
2016-10-25T13:46+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/320/71/3207186_0:0:1200:676_1920x0_80_0_0_21c8afcd843d573aca852b09eb40833e.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   2016
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   къамтӕ, мультимедиа
Ӕхсӕзӕм бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны
Бӕхты дугътӕ уагъд ӕрцыдысты къуырисӕры Джеры комы Маралеты хъӕуы (Цхинвалы район).
Хуссар Ирыстоны ӕрвылазон бӕхты дугъты сӕйраг призы хицау ссис ӕхсӕрдӕсаздзын барӕг Плиты Аслан Хъорнисы хъӕуӕй. Дыккаг бынат бацахста фароны уӕлахиздзау Гореты хъӕуӕй, ӕртыккаг та финишмӕ бахӕццӕ къуайсайаг барӕг.

Бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуынц 2016 азӕй фӕстӕмӕ.

Ацы аз барджытӕ сӕ тыхтӕ фӕлвӕрдтой Джеры районы Маралеты хъӕуы трассӕйыл (Цхинвалы район).

Ӕдӕппӕт бӕхты дугъты райстой хайад фондз барӕджы республикӕйы алы районтӕй.

Бӕгъты дугъты проекты автор ӕмӕ организатор Къӕбулты Ренат радзырдта, ӕрвылазон дугътӕ нывонд кӕй сты йӕ фыд ӕмӕ ӕфсымӕры рухс нӕмттӕн.

Ӕрвылаздӕр бӕгъты дугътӕ уагъд кӕй цӕуынц ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты, цӕмӕй дугъты фыццаг хатт чи нӕ исы хайад ӕмӕ ног хайадисджытӕн уа ӕмхуызон фадӕттӕ.

Ацы аз бӕгъты дугътӕ уагъд ӕрцыдысты фӕсивӕдон политикӕйы фӕдыл комитетимӕ иумӕ.

Ӕнӕнхъӕлӕджы уӕлахиздзау ссис ног хайадисӕг хъорнисы хъӕуӕй.

Плиты Асланыл цӕуы ӕрмӕстдӕр 16 азы.

Йӕ бинонтӕ бӕхы хицау баисты ӕрмӕстдӕр цалдӕр мӕйы размӕ.

Старты хӕдфӕстӕ Асланы бӕх ахъаззаг фӕиппӕрд иннӕ хайадисджытӕй. Трассӕйы ӕмбисыл уавӕр фӕивта ӕмӕ йын фӕзынд ныхмӕлӕуджытӕ, фӕлӕ уӕддӕр дугъты уӕлахиздзау ссис Аслан.

Дыккаг бынат бацахста фароны уӕлахиздзау Гореты хъӕуӕй.

Ӕртыккаг та финишмӕ бахӕццӕ къуайсайаг барӕг.

Уазал ӕмӕ дымгӕ боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ардӕм ӕрбацыдысты сӕдӕ адӕймагмӕ ӕввахс.

Уӕлахиздзау ӕмӕ мадзалы иннӕ хайадисджыты схорзӕхджын кодтой дипломтӕ, кубоктӕ ӕмӕ ӕхцайы призтӕй.

Барджытӕ дӕр ӕмӕ кӕсджытӕ дӕр баззадысты райгондӕй. Мадзалы сӕйраг архайджытӕ – бӕхтӕ – дӕр сӕхи хорз аирхӕфстой.