Гидрометцентр: Цӕгат Иры митуард нӕ ахызт нормæйӕ

© Sputnik / Ада БагианСнегопад в Цхинвале
Снегопад в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны хистæр синоптик Галина Пикалюкы ныхæстæм гæсгæ, фӕззӕгӕн ӕнахуыр боныгъӕд ницы зианхӕссӕг у – ныртӕккӕ дæлдзырæтты гуырахст у 3-20 мм, тæссагыл та нымад у 50 мм æвдисæндар.

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны октябрӕн ӕнӕмбӕлон митуард нæ ахызт нормæйы фæлгæттæй, хъусын кӕны 15 регион республикон гидрометцентры бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Уагдоны хистæр синоптик Галина Пикалюкы ныхæстæм гæсгæ, фӕззӕгӕн ӕнахуыр боныгъӕд ницы зианхӕссӕг у — ныртӕккӕ дæлдзырæтты гуырахст у 3-20 мм, тæссагыл та нымад у 50 мм æвдисæндар.

"Республикæйы ныллæг температурæтæ æмæ миты аххосаг у цæгат-скæсæны уазал антициклон. Фæстæдæр циклоны æндæвдад фæлæмæгъдæр уыдзæн. Цалдæр боны дæлдзырæттæ нæ уыдзæн, фылдæр рæстæг уыдзæн æврагъджын æмæ-иу раирд уыдзæн", — банысан кодта уый.

Синоптик ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, 28 æмæ 29 октябры уæлдæф 10 градусы онг фæхъармдæр уыдзæн, фӕлӕ хъарм боныгъӕд бирæ нæ ахæсдзæн — Атлантикæйæ ног циклон тагъд кæны æмæ "октябры фæстаг бонтæм йемæ уазал фронтытæ æрбахæсдзæн".

Ног хабӕртты лентӕ
0