ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Джиоты Валентина экскурсоводӕй Ригӕйы кусы советон заманӕй фӕстӕмӕ. Уый райгуырд Хуссар Ирыстоны, скъола ӕмӕ педогогон институт каст фӕцис Цхивал. Латвимӕ афтыд йӕ бинонтимӕ — йӕ фыд уыд ӕфсӕддон тӕхӕг ӕмӕ арӕх ивта йӕ службӕйы бынат.
Экскурсовод ссис Хуссар Иры ма куы цард, уӕд — уӕлдӕр ахуырадон уагдон каст фӕуыны фӕстӕ. Уӕд Цхивалмӕ арӕх цыдысты уазджытӕ, кӕцыты дисы ӕппӕрста Хуссар Ирыстоны хӕхты рӕсугъддзинад ӕмӕ ахадындзинад.
Валентинайӕн Хуссары ныр дӕр ис бирӕ хиуӕттӕ, ӕмбӕлттӕ ӕмӕ йын куыддӕр фадат фӕвӕййы, афтӕ та ратындзы уыдонмӕ.
"Махӕн ахӕм хӕлар кълас ис ӕмӕ абоны онг дӕр стӕм адджын. Куы фембӕлӕм, уӕд та нӕхи фенкъарӕм, цыма раздӕрау ныр дӕр ӕрыгон стӕм. Ахӕм дӕргъвӕтин рӕстӕджы ахастытӕн уӕвӕн ис ӕрмӕст дӕр Ирыстоны хуссар хайы", — дзуры Sputnik Джиоты Валентина.
Ныр дӕр та радон хатт ӕрцыд Цхинвалмӕ, уый йӕ йӕхимӕ ӕлвасы иудадзыг, кӕд ӕмӕ йын Ригӕйы бирӕ ӕзты цӕргӕйӕ фӕзынд бирӕ ӕмгӕрттӕ, уӕддӕр.
"Кӕд дӕргъвӕтин рӕстӕг цӕрын Ригӕйы, уӕддӕр мӕ райгуырӕн бӕстӕ у Хуссар Ирыстон. Уымӕн аивӕн нӕй. Цхинвалы мын ӕхсызгон вӕййы, горӕт йӕ хуыз куыд калы, ивы ӕмӕ рӕстӕджы цыдимӕ кӕндзӕн ноджы аивдӕр, хуыздӕр кӕндзысты цардуагон уавӕртӕ дӕр. Фӕлӕ мын уӕддӕр нӕ фаг кӕны зӕронд Цхинвал", — дзуры уый.
Ригӕйы экскурсион бюромӕ Валентина бацыд кусынмӕ Советон Цӕдисы ныппырхы агъоммӕ. Уӕд уый бирӕ цыд балцыты бӕстӕйы къуымтыл, фӕлӕ Ригӕмӕ куы бахауд, уӕд бамбӕрста, йӕхи ам кӕй ӕнкъары, "куыд кӕсаг фурды".
Йӕ алы экскурси дӕр Валентина райдайы, Латвийы цӕрджытӕм хъыг цы ныхас кӕсы, уымӕй, ома Ригӕ — немыцаг горӕт, "кӕцы немыцӕгтӕ арӕзтой немыцӕгтӕн".
Туристтӕн ис Латвийы цы феной, уый — тызмӕг, базарадон горӕттӕ готикон стилы. Раст зӕгъгӕйӕ, уӕрӕсейаг туристты нымӕц ныр фӕкъаддӕр, ам ис стыр политикӕйы ӕндӕвдад.
Экскурсоводы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ирӕттӕ ӕнцонӕй ахуыр кӕнынц цыфӕнды уавӕртыл дӕр, арӕнтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, кӕцытӕ адӕмы ӕрмӕст дихтӕ нӕ ныккодтой, фӕлӕ ма сӕ тынг аивтой.
Цхинвалы цы рӕстӕг ацард, уый Валентима мысы ностальгиимӕ, уӕд горӕт йемыдзаг уыд уардитӕй ӕмӕ цъӕхсадзæнтӕй, сыгъдӕг фӕндӕгтимӕ — афтӕмӕй баззад йӕ зӕрдӕйы.
"Горӕты мын нӕ фаг кӕнынц цъӕх садзӕнтӕ. Раздӕр Цхинвал уыдис "дидинджын" сахат, горӕт уыд цъӕхфӕлыст ӕмӕ рӕсугъд. Ӕрмӕст иу хъуыддаг у ӕнӕфӕцудгӕ — нӕ адӕм. Рацӕугӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, адӕмӕн сӕ цӕсгӕмттыл ис мидбылхудт ӕмӕ сты цингӕнаг", — дзуры уый.
Валентина нӕ дызӕрдыг кӕны, Ирыстоны адӕм дӕсгай азты мидӕг кӕд уыдысты уӕззау уавӕрты, бавзӕрстой хъизӕмӕрттӕ, уӕддӕр Ирыстон йӕ къӕхтыл кӕй слӕудзӕн ӕмӕ, раздӕры азтимӕ абаргӕйӕ, ноджы тынгдӕр скалдзӕн дидин.