ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik. Тыбылты Леонид раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуардӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны дыккаг президентыл къуырисӕры сӕххӕст 52 азы. Тыбылты Леонид банысан кодта, Кокойты Эдуард республикӕйы сӕргъ кӕй лӕууыд вазыгджын рӕстӕджыты.
"Дӕ президентады азты социало-экономикон проблемӕтӕ скъуыддзаг кӕнынӕй дарддӕр ма Хуссар Ирыстон бавзӕрста 2004 азы хотыхджын агресси Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй. 2008 азы августы та нӕ адӕмы бахъуыд Гуырдзыстоны фашистон хицауады ныхмӕ ӕрлӕууын", — дзырдӕуы арфӕйы телы.
Тыбылты Леонид банысан кодта, Кокойты Эдуарды сӕргълӕуӕдӕй республикӕ ӕнтыстджынӕй кӕй иуварс кодта сӕвзӕргӕ проблемӕтӕ ӕмӕ кӕй сӕххӕст ирон адӕмы бирӕнусон бӕллиц — 2008 азы 26 августы нымад ӕрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад.
Кокойты Эдуард республикӕйы сӕргъ лӕууыд дыууӕ фондзазон президентон ӕмгъуыды — 2001 азӕй 2011 азмӕ.