00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Утро на Спутнике
08:00
3 Мин
Утро на Спутнике
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
4 Мин
Главные темы
17:30
4 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Цхинвалы ауадздзысты хъайтар Козаты Левы номарӕн турнир мини-футболæй

© Sputnik / Алексей КовалевЧемпионат по футболу "Иры сомбон"
Чемпионат по футболу Иры сомбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир цæудзæн 4 -17 ноябры. Йæ фæлгæтты фæбæрæг уыдзысты тыхджындæр командæ, хуыздæр дуаргæс, размæбырсæг, æрдæгхъахъхъæнæг æмæ турниры хуыздæр хъазæг.

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъолаты хистæр кълӕсты командæтæ сæ тыхтæ бавзардзысты Ирыстоны зынгхуыст хъайтар Козаты Левы номарæн турниры мини-футболæй, фехъусын кодтой Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæйы.

Волейбол Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы скъоладзаутӕ сӕ тыхтӕ ӕвзарынц волейболы турниры

Козаты Лев фӕмард 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты рӕстӕджы. Знаджы ныхмӕ тохы ӕвзонг лӕппу равдыста стыр хъӕбатырдзинад.

Мини-футболы турнир цæудзæн Цхинвалы дыууӕ къуырийы дӕргъы. Йӕ финал ын снысан кодтой Козаты Левӕн йӕ райгуырӕн бонмӕ.

"Турниры сæйраг нысан у футболы размæцыд Хуссар Иры, республикӕйы скъоладзауты тыхджындæр командæ сбæлвырд кæнын, рæзгæ фæлтæрты хсæн хæларадон ахастытæ æрбиноныг кæнын, афтӕ ма Иры хъайтары ном рохуаты ма уадзын", — радзырдта комитеты пресс-секретарь Софа Исаакян.

Уый ма бафиппайдта, ерысты фæстиуæгæн уæлахиздзау хорзæхджын кӕй æрцæудзæн кубокæй, фыццаг къæпхæны дипломæй æмæ майдантæй, афтӕ ма дипломтæ æмæ майдантæ райсдзысты командæтæ-призертæ дæр.

"Уымæй дарддæр ма фæбæрæг уыдзысты хуыздæр дуаргæс, размæбырсæг, æрдæгхъахъхъæнæг æмæ турниры хуыздæр хъазæг", — бафтыдта йæ ныхæстæм пресс-секретарь.

Турнир цæудзæн 4 —17 ноябры футболы скъола "Фæранк"- ы фæзуаты. Мадзал организацигонд цӕуы Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитет ӕмӕ Ӕхсӕнадон организаци "ЗИУ"-ы тыхтӕй РХИ Ахуырады æмæ Хъахъхъæнынады министрӕды ӕмархайдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0