Рейс Мӕскуы-Дзӕуджыхъӕуы рӕстӕджы лайнерӕн ахицӕн йӕ автопилот

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæРабота международного аэропорта
Работа международного аэропорта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Автопилоты кусты сахъхъаттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, компани "Ютэйр"-ы лайнер "Боинг-737" ӕнӕфыдбылызӕй ӕрбадт Дзӕуджыхъӕуы аэропорты.

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik. Бӕлццӕттӕласӕн самолет 30 октябры изӕрӕй ратахт аэропорт Внуковойӕ Дзӕуджыхъӕумӕ. Рейсы рӕстӕджы ӕрцыд техникон къуыхцыдзинад ӕмӕ уӕлдӕфон транспорты командир фехъусын кодта автопилоты сахъахъхъаты фӕдыл, хъусын кӕны 15 регион.

Автопилоты кусты сахъхъаттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, рахастӕуыд скъуыддзаг нысангонд пунктмӕ ныттӕхын.

Банысан хъӕуы, экипаж ӕнӕфыдбылызӕй кӕй ӕрбадын кодта компани "Ютэйр"-ы лайнер "Боинг-737" Дзӕуджыхъӕуы аэропорты.

Ног хабӕртты лентӕ
0