Ирон аргъæуттæ æмæ кадджыты бындурыл литвайаг режиссер сæвæрдзæн спектакль

© Фоот из архиваНийарагы кадаег
Нийарагы кадаег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы инициативæйы режиссер Анжелика Холина фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæджы.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Зындгонд литвайаг хореограф, Евгений Вахтанговы номыл Мæскуыйы театры режиссер Анжелика Холина сæвæрдзæн спектакль ирон аргъæуттæ æмæ кадджыты бындурыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы пресс-службӕ.

Ацы инициативæйы тыххæй Анжелика Холина фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæджы.

"Фембæлды рæстæджы Анжелика Холина куыд загъта, афтæмæй тынг бауарзта Ирыстоны национ хореографион аивад æмæ йæ фæндид дарддæр дæр кусын ацы фадыджы. Ныхас ма цыд фидæны æмгуыстадыл дæр. Республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав ын зæрдæ бавæрдта æххуыс кæнынæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Анжелика Холина фыццаг хатт Дзæуджыхъæуы уыд афæдзы размæ. Уæд Ирыстоны театрдзаутæ цымыдисæй бакастысты йе ʻвæрд спектакль "Анна Каренина"-мæ. Арæзт ма æрцыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, æрыгон кафджытимæ фембæлдтытæ. Хореограф схæлар республикæйы культурæйы колледжы коллективимæ. Ацы сæрды та Тæбæхсæуты Балойы номыл театры сценæйы равдыстой балеты спектакль "Кармен".

Ног хабӕртты лентӕ
0