Къуайсайы уыд зӕххӕнкъуыст

© Sputnik / Ада БагианЖитель города Квайса Арсен Хугаев
Житель города Квайса Арсен Хугаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зӕххӕнкъуысты эпицентр уыд сыхаг Гуырдзыстоны, кӕцӕй дӕлзӕхх риуыгъдтӕ бахӕццӕ сты Къуайсамӕ, банысан кодтой Хуссар Ирыстоны УУМ-ы.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Дӕлзӕхх риуыгъдтӕ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы горӕт Къуайсайы цӕрджытӕ фӕхатыдысты ӕртыццӕджы ӕмбисбоны, фехъусын кодтой Sputnik республикон УУМ-ы прес-службӕйы.

"Ӕмбисбонмӕ ӕввахс Къуайсайы ӕрцыд зӕххӕнкъуыст. Риуыгъд уыд ахадгӕ, фӕлӕ ницы зиан ӕрхаста", — банысан кодты УУМ-ы минӕвар.

Уагдоны банысан кодтой, зӕххӕнкъуысты эпицентр кӕй уыд сыхаг Гуырдзыстоны, кӕцӕй дӕлзӕхх риуыгъдтӕ бахӕццӕ сты Къуайсамӕ.

Цӕгат Кавказы геологон службӕтӕ йӕ бахастой фарастӕм къласмӕ, фӕлӕ йын йӕ магнитудӕ сбӕлвырд кӕныны фадат нӕй, уымӕн ӕмӕ бынаты нӕй ӕмбӕлон аппаратурӕ.

Зӕххӕнкъуысты фӕстӕ ахуыргӕнджытӕ ракодтой бынӕттон скъолайы ахуыргӕнинӕгты уынгмӕ, кӕд экстренон службӕтӕ нӕ радтой бардзырд, уӕддӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0