Фыссæг Гуыцмæзты Алешы мемориалон фæйнæг бакодтой Цхинвалы

© Sputnik / Алексей КовалевОткрытие Мемориальная доска Алексей Гучмазов
Открытие Мемориальная доска Алексей Гучмазов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд æнусы Ирыстоны интеллигенцийы ирддæр минæвæрттæй иу Гуыцмæзты Алешы мемориалон фæйнæг цытджын уæвæры бакодтой Цхинвалы Гафезы уынджы 9-æм хæдзары сисыл, цы ран фыссæг арвыста йæ фæстаг æзтæ.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зынгæ ирон прозаик æмæ поэт Гуыцмæзты Алешæн æртыццæджы Цхинвалы бакодтой мемориалон фæйнæг, йæ фæстаг ӕзтӕ цы хæдзары арвыста, уый сисыл.

Курдиатджын ирон фыссæг Гуыцмæзты Алеш ацы аз банысан кодтаид йæ 65 азы юбилей. Фыссæджы цард фескъуыд знаджы нæмыгæй Гуырдзыстоны агрессийы тӕмæны 1992 азы.

Мемориалон фæйнæджы бакæныны церемонимæ æрбацыдысты республикӕйы интеллигенцийы, культурæйы министрады ӕмæ æхсæнады минæвæрттæ, афтӕ ма фыссæгæн йæ хæлæрттæ ӕмӕ ӕввахс адӕм.

© Sputnik / Алексей КовалевФыссæг Гуыцмæзты Алешы мемориалон фæйнæг
Мемориальная доска Алешу Гучмазову - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыссæг Гуыцмæзты Алешы мемориалон фæйнæг

Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон æрдзырдта Гуыцмӕзты Алешы цард æмæ сфæлдыстадыл, банысан кодта, фыссæгæн кæй бантыст равдисын ирон адæмы æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæ.

Ныхасы ма рацыд поэты æмгар, РХИ парламенты культурӕ, ахуырад, зонад ӕмӕ массон информацийы фӕрӕзты фӕдыл комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Юрий. Уый банысан кодта, Алеш ирон литературæйы кад бæрзонд кӕй систа йæ курдиат æмæ йæ удыфарнæй ӕмӕ бузныг загъта мадзалы организатортӕн.

Гуыцмæзты Алешы хæстæджыты номæй ӕрӕмбырдуӕвджыты раз раныхас кодта фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурӕт.

"Алеш æрмæстдæр "Дæ уыды фарн" куы ныффыстаид, уæддæр ирон литературæйы бацахстаид аккаг бынат. Мардæй фæзæгъынц мæгуыр, æз дæр æй схондзæн мæгуыр. Нæ федта, йæ сывæллæттæ куыд схъомыл сты, нæ банкъардта хъæбулы хъæбулы уарзт, йæ царды фылдӕр хай та арвыста æмдзæрæндоны иу къуымы. Фӕстагмӕ ма йын радтой ацы хæдзары фатер, фæлæ йӕ хæсты тæмæны йе ʻнусон цардмæ ӕфæндараст кодтой уӕддӕр йæ хæстæджыты къæсæрæй", — загъта уый.

Гуыцмæзты Алеш райгуырд 1951 азы Цхинвалы районы Гуыцмæзты хъæуы. 1972 азы бацыд ахуырмæ Горькийы номыл Мæскуыйы литературон институтмæ, уый фæстæ куыста журнал "Фидиуæг"-ы прозæйы хайады редакторæй. Йе сфæдыстады уæлдай ирдæй зыны роман "Дæ уды фарн", тæлмац æрцыд уырыссаг æвзагмæ дæр.

Йæ удыгасæй йæ уацмыстæй мыхуыр æрцыд æрмæстдæр радзырдты æмбырдгонд "Чиби куыд уæй кодта йæ хъуджы". Йæ амæлæты фæстæ ма йын Цæгат Ирыстоны рацыд ноджы дыууæ чиныджы "Рохсанæ" æмæ " Уызынæджы чызг Уырызæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0