Медсовет сбӕлвырд кӕндзӕн Цӕгат Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады приоритеттӕ

© Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæНейро-хирургическая служба ГКБ №40
Нейро-хирургическая служба ГКБ №40 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медсоветы скондмӕ бацыдысты бынӕттон медицинон ӕхсӕнады 13 зынгӕ минӕвары. Сӕ уынаффӕтӕ ‘нӕмӕнг рады ӕрвыст цӕудзысты республикӕйы сӕргълӕууӕджы ӕркастмӕ.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Ног уынаффӕгӕнӕн орган — Медицинон совет — арӕзт ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады цур, хъусын кӕны ведомствӕйы пресс-службӕ.

Медсоветы скондмӕ бацыдысты бынӕттон медицинон ӕхсӕнады 13 зынгӕ минӕвары, ног структурӕйы уынаффӕтӕ ‘нӕмӕнг рады ӕрвыст цӕудзысты республикӕйы сӕргълӕууӕджы ӕркастмӕ.

"Абон уагдоны раз лӕууы стратегион хӕслӕвӕрд — ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады гъӕд фӕбӕрзонддӕр кӕнын ӕмӕ ног коллегиалон органы хӕслӕвӕрдтӕ сты ӕмбӕрстгонд. Фыццаджыдӕр — Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕмӕ йӕ дӕлбар медицинон уагдӕтты куысты эффективондзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Медсовет бӕлвырд кӕндзӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады приоритетон здӕхтытӕ, ресурстӕй пайдакӕнынады эффективондзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын ӕмӕ ӕппӕт республикон системӕйы рацарӕзт. Уымӕй дарддӕр ма ног структурӕ хайад исдзӕн кадрон политикӕйы сӕйраг здӕхтыты реализацийы фӕдыл ӕнхъарӕнтыл бакусты, иннӕ регионты фӕлтӕрддзинад исын.

Октябры уал Медсовет ауагъта дыууӕ рабадты, цы ран ӕркастӕуыд уӕлбарджынты медицинон препараттӕй ифтонг кӕныны фарстытӕм, афтӕ ма ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнӕн ведомствӕйы куысты алыгъуызон организацион аспекттыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0