Стивен Сигал райста уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæАмериканский актер Стивен Сигал
Американский актер Стивен Сигал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад америкӕйаг актерӕн райсыны фӕдыл указ бафыст УФ президент Владимир Путин.

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бафыста указ америкӕйаг актер ӕмӕ продюсер Стивен Сигалы уӕрӕсейаг ӕмбӕстагадмӕ райсыны фӕдыл, хъусын кӕны РИА Новости.

"Уӕрӕсейаг Федерацийы ӕмбӕстагадмӕ райсын Америкӕйы Иугонд Штатты 1952 азы 10 апрелы гуырд Стивен Сигал Фредерикы", — дзырдӕуы указы.

Раздӕр Сигал, кӕцы ӕрцыд Южно-сахалинскмӕ ӕхсӕнадӕмон кинофестиваль "Край света"-йы уазӕджы хуызы, фехъусын кодта, тынг йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы Уӕрӕсейы, Сахалины та уыны стыр потенциал бизнес аразынӕн ӕмӕ йын фидӕны ис фадат уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад райсын.

Актеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фӕндид Уӕрӕсейы азы мидӕг цалдӕр мӕйы ӕрвитын йе ′мбӕлттимӕ, "ам ӕй чи уарзы ӕмӕ йӕм чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы адӕмимӕ".

Ног хабӕртты лентӕ
0