РХИ ӕмӕ ДАР бафысдзысты бастдзинады фӕдыл ӕмгуыстады меморандум

© Sputnik / Игорь Маслов /  Ахизын медиабанкмæДень флага Донецкой народной республики в Донецке
День флага Донецкой народной республики в Донецке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны миӕвӕрттӕ ныридӕгӕн ацыдысты Донецкмӕ, цы ран сабаты республикӕты ӕхсӕн бафыст ӕрцӕудзӕн фӕндты фӕдыл меморандум.

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкаг адӕмон республикӕ 5 ноябры бафысдзысты бастдзинады къабазы ӕмгуыстады фӕдыл меморандум, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Sputnik РХИ Мидхъуыддӕгты министр Джиоты Мурӕт.

ДАР ӕмӕ РХИ - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ ӕмӕ ДАР фӕнд кӕнынц банчы фадыджы ӕмгуыстад срӕвдз кӕнын

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны бастдзинад ӕмӕ дзыллон коммуникациты комитеты минӕвӕрттӕ афӕндараст сты Донецкмӕ, цы ран бафысдзысты фӕндты фӕдыл меморандум ДАР-ы бастдзинады министрадимӕ.

"Уымӕй дарддӕр ма нӕ минӕвӕрттӕ райсдзысты хайад ДАР-ы фыццаг маркӕйы райсты церемонийы", — банысан кодта министр.

Хуссар Ирыстон Донецкаг ӕмӕ Луганскаг адæмон республикæты хæдбардзинад банымадта 2014 азы. 2015 азы апрелы Донецк æмæ Луганскы байгом сты Хуссар Ирыстоны минæварадтæ. Уыцы мæйы Хуссар Ирыстоны байгом сты Луганскаг адæмон республикæ æмæ Донецкаг адæмон республикæйы минæварадтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0