Президент: Адӕмы иудзинады бон Хуссар Иры нысан кӕнынц ӕрвылаз дӕр

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæПрезидент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов
Президент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид раарфӕ кодта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн Адӕмы иудзинады боны цытӕн.

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik. Адӕмы иудзинады бон Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз дӕр нысан кӕнынц ӕфсымӕрон Уӕрӕсейы адӕмы ӕппынӕдзух ӕххуысӕн бузныджы оххыл, банысан кодта республикӕйы президент Тыбылты Леонид, хъусын кӕны йӕ пресс-службӕ.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг арвыста Уӕрӕсейы президент Владимир Путины адресыл арфӕйы тел Адӕмы иудзинады бӕрӕгбоны цытӕн.

"Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмты иу кӕны ӕнгӕс историон хъысмӕт, ӕнӕаскъуыйгӕ культурон ӕмӕ монон бастдзинӕдтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Адӕмы иудзинады бон Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз дӕр нысан кӕнынц ӕфсымӕрон Уӕрӕсейы адӕмы ӕппынӕдзух ӕххуысӕн бузныджы оххыл", — дзырдӕуы арфӕйы телы.

Президент бахахх кодта, зӕгъгӕ, ацы бӕрӕгбон зӕрдыл лӕууын кӕны, "историйы иууыл уӕззаудӕр, нысаниуӕгджындӕр рӕстӕджыты ӕрмӕстдӕр адӕмы националон иудзинад, сӕ патриотизм ӕмӕ ӕнгомдзинад кӕй фӕахъаз вӕййынц зындзинӕдты ӕмӕ бӕллӕхты сӕрты ахизынӕн, хӕдбарӕй  фӕндаг райдзаст ӕмӕ амондджын фидӕнмӕ равзарынӕн".

Тыбылты Леониды цӕст йӕ коллегӕйӕн бауарзта "фидар ӕнӕниздзинад, ӕнтыстытӕ ӕмӕ фӕрныгад, ӕппӕт Уӕрӕсейы адӕмӕн та — сабырад ӕмӕ амонд".

Хуссар Ирыстоны Адӕмы иудзинады бон хаст у бӕрӕгбӕтты ӕмӕ мысӕн датӕты къӕлиндармӕ. Республикӕйы ацы бӕрӕгбон банысан кӕнынц культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0