Цӕгатирыстойнаг скъоладзаутӕн Адӕмы иудзинады бон байуӕрстой паспорттӕ

© Sputnik / Алина БолатаеваБолее пятидесяти школьников в Северной Осетии получили паспорта в День Народного единства.
Более пятидесяти школьников в Северной Осетии получили паспорта в День Народного единства. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны радтой паспорттӕ Уӕрӕсейы ӕрыгон ӕмбӕстӕгтӕн. Цытджын мадзал уагъд ӕрцыд Хицауады хӕдзары.

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik, Болататы Алина. Фӕндзай скъоладзауӕй фылдӕр фыццаг хатт райстой сӕ паспорттӕ. Адӕмон иудзинады бонӕн нывонд цытджын мадзал уагъд ӕрцыд Хицауады хӕдзары. Республикӕйы къухдариуӕгад раарфӕ кодта ныр Уӕрӕсейы ӕххӕст ӕмбӕстӕгтӕн ацы ахсджиаг документ райсты тыххӕй.

© Sputnik / Алина БолатаеваСкъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
© Sputnik . Алина БолатаеваСкъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
© Sputnik / Алина БолатаеваСкъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
© Sputnik / Алина БолатаеваСкъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
1/4
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
2/4
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
3/4
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары
4/4
Скъоладзаутӕн паспорттӕ дӕттой Хицауады хӕдзары

Сывӕллӕттӕн радзырдтой Уӕрӕсейы территорийыл паспортты фӕзынды истори, хицауады сӕрдар Тускъаты Таймураз та бамбарын кодта сывӕллӕттӕн, паспорт ӕмбӕстагӕн ӕрмӕст бартӕ кӕй нӕ дӕтты, фӕлӕ ма йыл ӕвӕры бӕлвырд хӕстӕ дӕр.

"Мах цӕрӕм стыр бӕстӕйы, иууыл стырдӕр ӕппӕт дунейы. Ӕмӕ абон ацы стыр паддзахадмӕ уе ‘миуӕгад документалон ӕгъдауӕй фидар ӕрцыд. Абон сымахӕн ахуыр у уӕ царды иууыл ахсджиагдӕр. Ацы скъолайон фӕндаг куыд рацӕуат, ууыл баст у уӕ фидӕн, уӕ хистӕрты фидӕн", — банысан кодта Тускъаты Таймураз.

Сӕ фӕндиӕгтӕ ма загътой ветеранты республикон советы сӕргълӕууӕг Къӕболаты Солтан, ахуырад ӕмӕ зонады министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Ирина Азимова, РЦИ-Аланийы мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг Дмитрий Гутыря ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Цӕлыккаты Борис. Ӕддӕппӕт официалон мадзалы рӕстӕджы паспорттӕ райстой 51 скъоладзауы.

Ног хабӕртты лентӕ
0