Гуырдзыстон сног кодта ӕфсадмӕ ӕнӕмӕнг ӕрсидт

© Sputnik / Давид Хизанишвили /  Ахизын медиабанкмæГрузинские военнослужащие в День независимости Грузии
Грузинские военнослужащие в День независимости Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны хъахъхъӕнынады министр Леван Изория фехъусын кодта, кӕй хъӕуы сног кӕнын ӕнӕмӕнг ӕрсидт ӕфсадмӕ.

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Гуырдзыстоны раздахдзысты ӕнӕмӕнг ӕрсидт ӕфсадмӕ, загъта Гуырдзыстоны хъахъхъӕнынады министр Леван Изория, хъусын кӕны РИА Новости.

Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕфсӕддон службӕмӕ Гуырдзыстоны ӕрсиддзысты 18-27 азы кары ӕмбӕстӕгтӕм. Ацы сӕрды раздӕры хъахъхъӕнынады министр Тина Хидашели бафыста бардзырд ӕфсадмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрсидт аивыны фӕдыл. Уый банысан кодта, гарзджын тыхты кӕй нӕ хъӕуынц ахӕм лӕппутӕ, кӕцыты тыхӕй ӕрбакӕнынц ӕфсады рӕнхъытӕм. Изория раздӕр нӕ фехъусын кодта ацы скъуыддзаг аивыны тыххӕй.

"Хъӕуы сног кӕнын ӕнӕмӕнг ӕрсидт ӕфсадмӕ, фӕлӕ ранӕууӕггонд формӕйы. Ӕрсиддонтӕ рацӕудзысты ӕххӕст райдайӕн цӕттӕдзинад… се 'рвылмӕйон мызд суыдзӕн 50 лари (20 доллармӕ ӕввахс), афтӕ ма сын уыдзӕн фадат улӕфт бонтӕй пайда кӕнын", — фехъусын кодта Изория.

Хъахъхъӕнынады министрадӕй дарддӕр ма ӕрсиддонтӕ ӕрвыст ӕрцӕудзысты ӕндӕр тыхон ведомствӕтӕм дӕр — мидхъуыддӕгты министрад, паддзахадон ӕдасдзинады службӕ, Пробаци ӕмӕ ӕфхӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны фӕдыл министрад, афтӕ ма паддзахадон хъахъхъӕнынады сӕрмагонд службӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0