Саакашвили фехъусын кодта йӕ отставкӕйы тыххӕй

© Sputnik / Денис Петров /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Украины П.Порошенко назначил М.Саакашвили главой Одесской области
Президент Украины П.Порошенко назначил М.Саакашвили главой Одесской области - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны экс-президент Михаил Саакашвили, кӕцы ныртӕккӕ къухдариуӕгад кодта Украинӕйы Одессӕйаг областӕн, нывӕнды "тохы ног этап".

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Михаил Саакашвили фехъусын кодта, кӕй аскъуыддзаг кодта отставкӕйы ацӕуын, уымӕн йӕ аххосаг бамбарын кодта, зӕгъгӕ, Украинӕйы къухдариуӕгады нӕ фӕнды коррупцийы ныхмӕ тох кӕнын, хъусын кӕны РИА Новости.

"Сӕвзӕргӕ уавӕры ӕз аскъуыддзаг кодтон отставкӕйы ацӕуын ӕмӕ райдайын тохы ног этап", — загъта Саакашвили йӕ пресс-конференцийы Одессӕйы.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Украинӕйы хицауады фӕивдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, бӕстӕйы уӕддӕр ӕлдариуӕг кӕны коррупци ӕмӕ "куыд давтой, афтӕ давынц". Уый банысан кодта, отставкӕйы ацӕуыны фӕнды йын фӕстаг тӕпп кӕй ӕрӕвӕрдтой чиновникты ӕфтиӕгты фӕдыл электронон декларацитӕ, кӕцытӕ ӕрӕджы ӕрцыдысты мыхуыр.

Ног хабӕртты лентӕ
0