ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Болататы Алина. Уӕрӕсейы фæллой æмæ социалон рæзты министр Максим Топилин базонгæ ис Цæгат Ирыстоны сахъат адæмы куыстæй сифтонг кæныны фæдыл проблемæтимæ. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав ӕмӕ хицауады уæнгтимæ уый бабæрæг кодта дзæуджыхъæуккаг куыстифтонгады центр.
Центры хистæр Къаболаты Ларисайы ныхæстæм гæсгæ, республикӕйы 26 мин инвалидæй куыстхъом кары чи ис, уыдонæй куыстæй ифонг æрцыд 6 мины.
"Ацы адæмæн куыст ссарыны зындзинад уый мидæг ис æмæ республикæйы хъæугæ ваканситæ нæй.Уымæй дарддæр ма кусы бынæтты квотæты фæдыл закон", — загъта комитеты сæрдар.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы закон æххæст кæны амалиуæгадты 83%, фæлæ уæддæр инвалидты куыстæй сифтонг кæныны процент нæу бæрзонд.
Инвалидты регионалон æхсæнадон организаци "Независимая жизнь"-ы сæрдар Сергей Саутин радзырдта Топилинæн, сахъат адæмæй бирæты кӕй фæнды кусын, фæлæ сын фадæттæ нæй.
"Гæнæн ис адæймагмæ ис зонындзинæдтæ, ис æм диплом дæр. Фæлæ куыстмæ бацæуын уымæн у стыр проблемӕ", — загъта Саутин.
Министры кусæгон балцы пункттæй иу уыд фыдызгъæлы рауагъдад "Дюбуа"-мæ бацыд, цы ран 400 кусæджы хсæн фæллой кæны 11 инвалиды.
Уый фæстæ æмбырды рæстæджы министр бафиппайдта, инвалидты куыстæй ифтонгады бæрæггæнæнтæ кӕй хъæуы фæбæрзонддæр кæнын.
"Ныридæгæн Цæгат Ирыстоны инвалидтæй куыстæй ифтонг сты сӕ 30%. Ӕнгæс уавæр ис ЦКФЗ республикæты дæр. Фæлæ махæн нæ хæс у ацы бæрæггæнтæ 50-60 процентмӕ ракæнын", — банысан кодта Топилин.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт бæрӕггæнæнтæ инвалидты фæдыл куыстæй ифтонгады комитетмæ хъуамæ æрбавдиса медико-социалон экспертизӕ.
Федералон министр банысан кодта, зӕгъгӕ, паддзахад стыр финансон фæрæзтæ дих кæны нывæзт "Доступная среда"-йы æххæст кæныны оххыл. Фæлæ фæстæдæр ацы нывæзт æрæхгæндзысты, уымæн æмæ уый ис субъекты бæрны. Йæ нæхæстæм гæсгæ, куыст хъæуы афтæ сфидар кæнын, цæмæй æппæт структурæтæ дæр, кæцытæ архайынц арæзтады, транспорты, культурæйы, ахуырады æмæ æндæр фадгуыты, кусой программæ "Доступная среда"-йы фæлгæтты.